https://sputnik-ossetia.com/20250625/khussar-iry-bakndzysty-ulmkhas-akhuyrady-tsentr-kvantorium-33906310.html
Хуссар Иры бакæндзысты уæлæмхас ахуырады центр "Кванториум"
Хуссар Иры бакæндзысты уæлæмхас ахуырады центр "Кванториум"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Æвзонг техникты станцы базæйыл фæнд кæнынц бакæнын уæлæмхас ахуырады центр "Кванториум". Уый тыххæй... 25.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-25T14:37+0300
2025-06-25T14:37+0300
2025-06-25T14:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/19/33915821_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_47c24ef5e746162f3fa573f342724f87.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Æвзонг техникты станцы базæйыл фæнд кæнынц бакæнын уæлæмхас ахуырады центр "Кванториум". Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы ахуырады министр Лолаты Аслан йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik-ы пресс-центры.Министры ныхæстæм гæсгæ, технопарчы арæзтадыл баныхас кодта йæ уæрæсейаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы Казаны."Кванториум" у нырыккон ахуырадон формат, специализаци кæны информацион технологитæ æмæ инженерон сфæлдыстады къабазы."Нæ кусджытæ рацæудзысты курсытæ бацттæ кæныны фæдыл. Уæрæсейаг фарс нын баххуыс кæндзæн материалон-техникон базæ сифтонг кæныны фарстимæ", - бахахх кодта министр.Проект гæнæн ис среализаци кæной фидæн аз. Лолаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, арæзтады æмгъуыд хъуамæ уа цыбыр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/19/33915821_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_dfab69b5e4f8e2e5b95f2fb7fc028b55.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Хуссар Иры бакæндзысты уæлæмхас ахуырады центр "Кванториум"
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Æвзонг техникты станцы базæйыл фæнд кæнынц бакæнын уæлæмхас ахуырады центр "Кванториум". Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы ахуырады министр Лолаты Аслан йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik-ы пресс-центры.
Министры ныхæстæм гæсгæ, технопарчы арæзтадыл баныхас кодта йæ уæрæсейаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы Казаны.
"Мах ныхас кæнæм уæрæсейаг коллегæтимæ цы здæхтытæ бавдисдзысты Хуссар Ирыстоны, ууыл. Центр кусдзæн Æвзонг техникты станцы базæйыл", - банысан кодта Лолаты Аслан.
"Кванториум" у нырыккон ахуырадон формат, специализаци кæны информацион технологитæ æмæ инженерон сфæлдыстады къабазы.
"Нæ кусджытæ рацæудзысты курсытæ бацттæ кæныны фæдыл. Уæрæсейаг фарс нын баххуыс кæндзæн материалон-техникон базæ сифтонг кæныны фарстимæ", - бахахх кодта министр.
Проект гæнæн ис среализаци кæной фидæн аз. Лолаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, арæзтады æмгъуыд хъуамæ уа цыбыр.