Хуссар Иры ФХМ делегаци ссардта Белоруссийы тохты фæмардуæвæг хæстоны рухс ном
© Photo : Пресс-служба МИД Южной ОсетииХуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар Бресты кусæгон балцы

© Photo : Пресс-служба МИД Южной Осетии
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар Бресты кусæгон балцы фæлгæтты фембæлд хуссарирыстойнаг боксертимæ, уыдон хайад исынц III Гом республикон турниры Белорусийы. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службæ.
Турниры республикæйы спортивон кад хъахъхъæнынц боксертæ Цхуырбаты Давид, Гæбæраты Алим æмæ Джиоты Мурæт тренер Бестауты Чермены къухдариуæгады бын.
© Photo : Пресс-служба МИД Южной ОсетииХуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар Бресты кусæгон балцы

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар Бресты кусæгон балцы
© Photo : Пресс-служба МИД Южной Осетии
Джиоты Æхсары зæрдæ загъта спортсментæн стыр æнтыстытæ ацы турниры.
Хуссар Ирыстоны ФХМ делегаци балцы рæстæджы базонгæ газы техникæ аразæг куыстуат "Гефест-техника"-йы куыстимæ æмæ æрныхас кодта заводы къухдариуæгадимæ æмгуыстады перспективæтыл.
Афтæ ма делегаци бацыд Бресты горæты поликлиникæ æмæ астæуккаг скъоламæ, цы ран сæ базонгæ кодтой инновацион медицинон æмæ ахуырадон технологитимæ.
Балцы кæрон Джиоты Æхсар æмæ делегацийы уæнгтæ ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар, Хуссар Ирыстонæй рацæугæ Дриаты Баграты рухс ном, уый фæмард Белорусси ссæрибар кæныны фæдыл тохты æмæ ныгæд у æфсымæрон ингæны Бресты районы.