https://sputnik-ossetia.com/20250627/tskhinvaly-fand-kanynts-sarazyn-baganyfytsan-zavod-33965727.html
Цхинвалы фӕнд кӕнынц саразын бӕгӕныфыцӕн завод
Цхинвалы фӕнд кӕнынц саразын бӕгӕныфыцӕн завод
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕнд кӕнынц саразын бӕгӕныфыцӕн завод, уымӕн йӕ ориентир уыдзӕн продукцийы экспорт Уӕрӕсемӕ... 27.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-27T15:36+0300
2025-06-27T15:36+0300
2025-06-27T15:36+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/01/16128797_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_fa6872b2ef3831dd6cc61cc363409b53.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕнд кӕнынц саразын бӕгӕныфыцӕн завод, уымӕн йӕ ориентир уыдзӕн продукцийы экспорт Уӕрӕсемӕ, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Гогинов Таймураз.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног заводы арӕзтадыл дзырд цыд рагӕй, фӕлӕ ныр проект райста уӕлӕмхас импульс, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны бӕгӕнымӕ ис стыр интерес алыгъуызон форумтӕ ӕмӕ презентациты.Гогинов Таймураз зæрдыл æрбалæууын кодта, историкты хъудымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны бæгæны фыцыны традицитыл цæуы 10 мин азы бæрц.Гогиновы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны бæгæны фыцынæн тынг ахъаз у йæ уникалон сыгъдæг æрдз.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/01/16128797_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_8eca2266d546fdb2de7fa52d976d044c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
Цхинвалы фӕнд кӕнынц саразын бӕгӕныфыцӕн завод
ЦХИНВАЛ, 27 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕнд кӕнынц саразын бӕгӕныфыцӕн завод, уымӕн йӕ ориентир уыдзӕн продукцийы экспорт Уӕрӕсемӕ, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Гогинов Таймураз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног заводы арӕзтадыл дзырд цыд рагӕй, фӕлӕ ныр проект райста уӕлӕмхас импульс, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны бӕгӕнымӕ ис стыр интерес алыгъуызон форумтӕ ӕмӕ презентациты.
"Куыд ӕй зонут, афтӕмӕй ӕрӕджы цыд блогерты егъау пресс-мисси. Абоны бон Хуссар ирыстоны продукци бавдыстой Уӕрӕсейы къорд федералон базарадон хызӕгты, ӕмӕ уый у тынг позитивон къахдзӕф", - банысан кодта Гогинов.
Гогинов Таймураз зæрдыл æрбалæууын кодта, историкты хъудымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны бæгæны фыцыны традицитыл цæуы 10 мин азы бæрц.
"Мах абоны бон æвдисæм хорз фæстиуджытæ. Æхгæд дегустациты нæ бæгæныйæн бæрзонд аргъ скæнынц. Кæддæрты нæ бæгæныйæн номдзыд европейаг брендтæй фылдæр саргъ скæнынц", - бахахх кодта базарадон минæвар.
Гогиновы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны бæгæны фыцынæн тынг ахъаз у йæ уникалон сыгъдæг æрдз.