https://sputnik-ossetia.com/20250630/styr-ulakhizy-yubileyy-az-mskuy-kny-materialon-khkhuys-khussar-irystony-tsrg-veterantn-33984610.html
Стыр Уæлахизы юбилейы аз Мæскуы кæны материалон æххуыс Хуссар Ирыстоны цæрæг ветерантæн
Стыр Уæлахизы юбилейы аз Мæскуы кæны материалон æххуыс Хуссар Ирыстоны цæрæг ветерантæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Ацы аз Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азæй кæй расидтысты æмæ Стыр Уæлахизы юбилей кæй бæрæг кæнæм, уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны чи цæры... 30.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-30T10:58+0300
2025-06-30T10:58+0300
2025-06-30T11:39+0300
хуссар ирыстоны
уӕрӕсейы
рхи минӕварад уф
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/07/28951900_0:236:2733:1773_1920x0_80_0_0_2d6363422f6c0263600df0b0e4d935b4.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Ацы аз Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азæй кæй расидтысты æмæ Стыр Уæлахизы юбилей кæй бæрæг кæнæм, уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы ветерантæн Мæскуыйы хицауад радих кодта материалон æххуыс. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады пресс-службæ.Æххуыс чи райсдзæн, уыдоны номхыгъд сфидар кодтой Мæскуыйы Æддагэкономикон æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдты департаментимæ. Хæсты æмæ фæсчъылдымы ветерантæм арфæйы конверттæ фæхæццæ кæныны хæс æвæрд æрцыд æнæкоммерцион автономон организаци "Диалог поколений"-ыл.Æдæппæтæй республикæйы материалон æххуыс бакæндзысты республикæйы 23 адæймагæн.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/07/28951900_68:0:2424:1767_1920x0_80_0_0_faa95e81d9a6fd0b1daa1e2f84d29407.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, рхи минӕварад уф, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, рхи минӕварад уф, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз
Стыр Уæлахизы юбилейы аз Мæскуы кæны материалон æххуыс Хуссар Ирыстоны цæрæг ветерантæн
10:58 30.06.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:39 30.06.2025) ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Ацы аз Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азæй кæй расидтысты æмæ Стыр Уæлахизы юбилей кæй бæрæг кæнæм, уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы ветерантæн Мæскуыйы хицауад радих кодта материалон æххуыс. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады пресс-службæ.
Æххуыс чи райсдзæн, уыдоны номхыгъд сфидар кодтой Мæскуыйы Æддагэкономикон æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдты департаментимæ. Хæсты æмæ фæсчъылдымы ветерантæм арфæйы конверттæ фæхæццæ кæныны хæс æвæрд æрцыд æнæкоммерцион автономон организаци "Диалог поколений"-ыл.
Æдæппæтæй республикæйы материалон æххуыс бакæндзысты республикæйы 23 адæймагæн.