https://sputnik-ossetia.com/20250630/tskhinvaly-fstag-khrzbon-zagtoy-nomdzyd-akhuyrgond-dzhidzhdzhoyty-muratn-33990164.html
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой номдзыд ахуыргонд Джиджджойты Муратæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой номдзыд ахуыргонд Джиджджойты Муратæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой зынгæ ахуыргонд-физик Джиджджойты Муратæн. Кæд йæ царды фылдæр хай Мæскуыйы арвыста, уæддæр йæ... 30.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-30T15:57+0300
2025-06-30T15:57+0300
2025-06-30T16:49+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/1e/33988122_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_2878715b27c6c449a4a8f55cf12b7a71.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой зынгæ ахуыргонд-физик Джиджджойты Муратæн. Кæд йæ царды фылдæр хай Мæскуыйы арвыста, уæддæр йæ фæстаг фæндон уыд, цæмæй йæ бавæрой йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны. Фыдохы митинг ацыд Сталины уынджы.Джиджджойты Мурат уыдис физикон-математикон зонæдты кандидат, зонады сгуыхт архайæг, Мæскуыйы паддзахадон университеты хистæр зонадон кусæг. Ныффыста 100 уацæй фылдæр, йе ’рхъуыдыдзинæдтæн райста къорд патенты. Уæрæсейы фыццаг газодинамикон лазер Джиджджойты Мурат сарæзта. Стыр ахуыргонд йæ цардæй ахицæн 87-аздзыдæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/1e/33988122_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_de7d60eca5a267411a2cea74d544772f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой номдзыд ахуыргонд Джиджджойты Муратæн
15:57 30.06.2025 (Ранӕуӕггонд: 16:49 30.06.2025) ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой зынгæ ахуыргонд-физик Джиджджойты Муратæн. Кæд йæ царды фылдæр хай Мæскуыйы арвыста, уæддæр йæ фæстаг фæндон уыд, цæмæй йæ бавæрой йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны. Фыдохы митинг ацыд Сталины уынджы.
Джиджджойты Мурат уыдис физикон-математикон зонæдты кандидат, зонады сгуыхт архайæг, Мæскуыйы паддзахадон университеты хистæр зонадон кусæг. Ныффыста 100 уацæй фылдæр, йе ’рхъуыдыдзинæдтæн райста къорд патенты. Уæрæсейы фыццаг газодинамикон лазер Джиджджойты Мурат сарæзта. Стыр ахуыргонд йæ цардæй ахицæн 87-аздзыдæй.