https://sputnik-ossetia.com/20250702/urseyy-khitsauad-ffyldr-kodta-tsgat-irystony-rztn-akhazgng-madzltt-34018228.html
Уæрæсейы хицауад фæфылдæр кодта Цæгат Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæ
Уæрæсейы хицауад фæфылдæр кодта Цæгат Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 июль — Sputnik. Уæрæсейы хицауад бахаста ног проекттæ Цæгат Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæм. Уыдонмæ гæсгæ базилдзысты Беслæны мемориалон... 02.07.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-07-02T13:25+0300
2025-07-02T13:25+0300
2025-07-02T13:25+0300
цӕгат ирыстон
уӕрӕсейы
хицауад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/13/26804692_315:765:2596:2048_1920x0_80_0_0_79570fb3385a23defbf4104a311be30b.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 июль — Sputnik. Уæрæсейы хицауад бахаста ног проекттæ Цæгат Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæм. Уыдонмæ гæсгæ базилдзысты Беслæны мемориалон уæлмæрдмæ, афтæ ма арæзт æрцæудзысты скъолатæ. Æмбæлгæ барамынд бафыста Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.Мадзæлттæ æххæст кæныны æмгъуыд фæдæргъвæтиндæр кодтой 2028 азмæ.Документмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы ног микрорайонты цæрджытæн самайдзысты скъола. Уым ахуыргæнæн уыдзæн 500 сывæллонæн. Черменыхъæу æмæ Горæтгæрон районы скъолатæ та арæзт уыдзысты фæйнæ 200 сывæллонæн.Хицæн æргом аздæхтой культурон æмæ мемориалон цыртдзæвæнтæм. Рацараздзысты Алагиры районы Лисрийы хъæуы мæсгуыты комплекс (хаст у культурон бынты номхыгъдмæ), афтæ ма базилдзысты "Зæдты горæт"-мæ Беслæны.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/13/26804692_595:749:2327:2048_1920x0_80_0_0_8d618a8dbe3ea1bfb0dd3b8d3c0ffe2f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, уӕрӕсейы, хицауад, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, уӕрӕсейы, хицауад, ног хабӕрттӕ
Уæрæсейы хицауад фæфылдæр кодта Цæгат Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæ
ЦХИНВАЛ, 2 июль — Sputnik. Уæрæсейы хицауад бахаста ног проекттæ Цæгат Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæм. Уыдонмæ гæсгæ базилдзысты Беслæны мемориалон уæлмæрдмæ, афтæ ма арæзт æрцæудзысты скъолатæ. Æмбæлгæ барамынд бафыста Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.
Мадзæлттæ æххæст кæныны æмгъуыд фæдæргъвæтиндæр кодтой 2028 азмæ.
Документмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы ног микрорайонты цæрджытæн самайдзысты скъола. Уым ахуыргæнæн уыдзæн 500 сывæллонæн. Черменыхъæу æмæ Горæтгæрон районы скъолатæ та арæзт уыдзысты фæйнæ 200 сывæллонæн.
Хицæн æргом аздæхтой культурон æмæ мемориалон цыртдзæвæнтæм. Рацараздзысты Алагиры районы Лисрийы хъæуы мæсгуыты комплекс (хаст у культурон бынты номхыгъдмæ), афтæ ма базилдзысты "Зæдты горæт"-мæ Беслæны.