https://sputnik-ossetia.com/20250717/gagloyty-alan-bakhas-kodta-basgaryn-khussar-iry-appat-artadzhy-stantsta-34215590.html
Гаглойты Алан бахӕс кодта басгарын Хуссар Иры ӕппӕт ӕртаджы станцтӕ
Гаглойты Алан бахӕс кодта басгарын Хуссар Иры ӕппӕт ӕртаджы станцтӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагимӕн ауадзын республикӕйы ӕппӕт ӕртаджы... 17.07.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-07-17T12:21+0300
2025-07-17T12:21+0300
2025-07-17T12:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уум
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/0b/24990189_0:181:2997:1867_1920x0_80_0_0_0579b4b943fd971f03b0c719f2d54342.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагимӕн ауадзын республикӕйы ӕппӕт ӕртаджы станцты лӕмбынӕг басгӕрст Цхинвалы цистернӕимӕ цауы фӕстӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы Гассеты Ибрагим радзырдта президентӕн, Цхинвалы цӕгаттаг кӕрон аварийы фӕстиуджытӕ кӕй аиуварс кодтой.Гаглойты Алан бузныг загъта ӕппӕт специалисттӕн оперативон куысты тыххӕй.Фембӕлды рӕстӕджы ма дзырд цыд Уӕлвӕткон уавӕрты министрадӕн кадрты цӕттӕкӕнынадыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/0b/24990189_134:0:2865:2048_1920x0_80_0_0_7f8716b10f479d5c020e0376466b85b3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уум
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уум
Гаглойты Алан бахӕс кодта басгарын Хуссар Иры ӕппӕт ӕртаджы станцтӕ
ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагимӕн ауадзын республикӕйы ӕппӕт ӕртаджы станцты лӕмбынӕг басгӕрст Цхинвалы цистернӕимӕ цауы фӕстӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы Гассеты Ибрагим радзырдта президентӕн, Цхинвалы цӕгаттаг кӕрон аварийы фӕстиуджытӕ кӕй аиуварс кодтой.
"Цауы бынат ӕрыхгӕдтой, микрорайонтӕ "Мӕскуыйаг" ӕмӕ "БАМ" дӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ рӕстӕгмӕ ахицӕн кодтам электроифтонгадӕй, уый руаджы арӕзт ӕрцыдысты ӕдас уавӕртӕ аварион-ирвӕзынгӕнӕн куыстытӕн", - радзырдта Гассеты Ибрагим.
Гаглойты Алан бузныг загъта ӕппӕт специалисттӕн оперативон куысты тыххӕй.
"Иууыл ахсджиаг дӕр у, уды зиӕнттӕ дзы кӕй не 'рцыд, уый. Ныр хъӕуы басгарын республикӕйы ӕппӕт ӕртаджы станцтӕ, цӕмӕй ахӕм цаутӕ мауал ӕрцӕуой", - загъта президент.
Фембӕлды рӕстӕджы ма дзырд цыд Уӕлвӕткон уавӕрты министрадӕн кадрты цӕттӕкӕнынадыл.