Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 35 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Евгений Биятов
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 35 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 35 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фараст – Брянскы областы, авд – Ростовы областы, æхсæз дроны ӕрыппӕрстой Калугайы областы, фæйнæ æртæ – Мæскуыйы регионы, Самарайы ӕмӕ Тулайы областты, цыппар дроны та скуынӕг кодтой Белгороды областы", - дзырдӕуы хъусинаджы.