https://sputnik-ossetia.com/20250725/gagloyty-alan-dzyrd-radta-askuyddzag-knyn-rbmts-y-meditsinon-khoty-myzdty-farst-34334015.html
Гаглойты Алан дзырд радта аскъуыддзаг кæнын РБМЦ-ы медицинон хоты мыздты фарст
Гаглойты Алан дзырд радта аскъуыддзаг кæнын РБМЦ-ы медицинон хоты мыздты фарст
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта фæллойады министрадæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ... 25.07.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-07-25T16:24+0300
2025-07-25T16:24+0300
2025-07-25T16:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
рбмц
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/07/19/34332169_0:0:1280:721_1920x0_80_0_0_a6a039bb0fc69c768106c64b5596e19b.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта фæллойады министрадæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ бакусын медицинон персоналы мыздты индексацийы фарстыл, цæмæй медицинон хотæ æмæ санитаркæты мыздты æхсæн хицæндзинад уа.Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) медицинон хотæ хъаст кодтой, зæгъгæ, мыздтыл схæцыны фæстæ райдыдтой исын санитаркæты мызды бæрц, афтæмæй та ис хицæндзинад сæ квалификаци æмæ хæслæвæрдты.Хицауады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр сæвзæрд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн бадзырды реализацийы фæстæ. Ацы документмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны медикты мыздтæ хъуамæ схызтаиккой Цæгат Кавказы медицинон кусджыты мыздты æмвæзадмæ. Фæлæ Уæрæсейы медицинон хотæ мыздæй дарддæр исынц уæлæмхас фиддонтæ, республикæйы бюджеты та уыдонæн нырма фæрæзтæ нæй.Президент зæрдыл æрбалæууын кодта, уыцы бадзырдмæ гæсгæ, 2025 азмæ хъуамæ куыстæй систаиккой 300 медицинон кусæджы бæрц. Ссæрибаргонд фæрæзтæй хицауадæн фадат уыдаид фæфылдæр кæнын мыздтæ персоналæй чи баззад, уыдонæн. Фæлæ республикæйы къухдариуæгад равзæрста æндæр фæндаг, цæмæй адæм æнæ куыстæй ма баззайой.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/07/19/34332169_0:0:1120:839_1920x0_80_0_0_94fc7e02eab6826e52cc1630d54898a2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, рбмц
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, рбмц
Гаглойты Алан дзырд радта аскъуыддзаг кæнын РБМЦ-ы медицинон хоты мыздты фарст
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта фæллойады министрадæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ бакусын медицинон персоналы мыздты индексацийы фарстыл, цæмæй медицинон хотæ æмæ санитаркæты мыздты æхсæн хицæндзинад уа.
Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) медицинон хотæ хъаст кодтой, зæгъгæ, мыздтыл схæцыны фæстæ райдыдтой исын санитаркæты мызды бæрц, афтæмæй та ис хицæндзинад сæ квалификаци æмæ хæслæвæрдты.
"Фæллойады министрад къуырисæрæй райдайдзæн кусын ацы фарстыл. Хъуамæ афтæ рацæуа, цæмæй мин кæнæ дыууæ мины уæддæр уа хицæндзинад медицинон хотæ æмæ санитаркæты мыздты æхсæн. Мах уын фехъусын кæндзыстæм нæ скъуыддзаджы тыххæй фидæн къуырийы кæронмæ", - банысан кодта президент.
Хицауады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр сæвзæрд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн бадзырды реализацийы фæстæ. Ацы документмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны медикты мыздтæ хъуамæ схызтаиккой Цæгат Кавказы медицинон кусджыты мыздты æмвæзадмæ. Фæлæ Уæрæсейы медицинон хотæ мыздæй дарддæр исынц уæлæмхас фиддонтæ, республикæйы бюджеты та уыдонæн нырма фæрæзтæ нæй.
Президент зæрдыл æрбалæууын кодта, уыцы бадзырдмæ гæсгæ, 2025 азмæ хъуамæ куыстæй систаиккой 300 медицинон кусæджы бæрц. Ссæрибаргонд фæрæзтæй хицауадæн фадат уыдаид фæфылдæр кæнын мыздтæ персоналæй чи баззад, уыдонæн. Фæлæ республикæйы къухдариуæгад равзæрста æндæр фæндаг, цæмæй адæм æнæ куыстæй ма баззайой.