https://sputnik-ossetia.com/20250804/khussar-iry-tsinagary-skola-stsaltsg-kndzysty-akhuyradon-azy-raydaynm-34438911.html
Хуссар Иры Цъинагары скъола сцалцæг кæндзысты ахуырадон азы райдайæнмæ
Хуссар Иры Цъинагары скъола сцалцæг кæндзысты ахуырадон азы райдайæнмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цъинагары хъæуы Хуриты Гивийы номыл астæуккаг скъола ранæуæг кæндзысты ахуырадон азы... 04.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-04T13:15+0300
2025-08-04T13:15+0300
2025-08-04T13:15+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ленингоры район
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/922/88/9228848_0:0:3640:2048_1920x0_80_0_0_3896fac2a05072d9a1dfa7bd727ca3f5.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цъинагары хъæуы Хуриты Гивийы номыл астæуккаг скъола ранæуæг кæндзысты ахуырадон азы райдиан æмæ 90 азы юбилеймæ. Бæстыхайы капиталон цалцæг фæуд кæны, фехъусын кодта Sputnik-æн районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.Куыстыты фыццаг этап фæцис фарон. Уæд реконструкци скодтой ахуырадон кълæсты хай æмæ сæвæрдтой нырыккон хъармгæнæн системæ."Ныртæккæ сæйраг тыхтæ здæхт сты ахуыргæнджыты уат æмæ цалдæр ахуырадон кабинеты цалцæгмæ. Махæн нæ хæс у саразын комфортон уавæртæ ахуырдзаутæн", - бахахх кодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дриаты Гамлет.Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы разамонæг Уалыты Муртаз йæ цæст дары арæзтадон куыстытæм.Ацы аз скъола нысан кæны 90 азы юбилей. Ныртæккæ ахуырадон уагдоны ис 34 скъоладзауы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/922/88/9228848_482:0:3213:2048_1920x0_80_0_0_a0e623b15d9b2cec1dc802f5083f40f0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, ахуырад
Хуссар Иры Цъинагары скъола сцалцæг кæндзысты ахуырадон азы райдайæнмæ
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цъинагары хъæуы Хуриты Гивийы номыл астæуккаг скъола ранæуæг кæндзысты ахуырадон азы райдиан æмæ 90 азы юбилеймæ. Бæстыхайы капиталон цалцæг фæуд кæны, фехъусын кодта Sputnik-æн районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
Куыстыты фыццаг этап фæцис фарон. Уæд реконструкци скодтой ахуырадон кълæсты хай æмæ сæвæрдтой нырыккон хъармгæнæн системæ.
"Ныртæккæ сæйраг тыхтæ здæхт сты ахуыргæнджыты уат æмæ цалдæр ахуырадон кабинеты цалцæгмæ. Махæн нæ хæс у саразын комфортон уавæртæ ахуырдзаутæн", - бахахх кодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дриаты Гамлет.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы разамонæг Уалыты Муртаз йæ цæст дары арæзтадон куыстытæм.
Ацы аз скъола нысан кæны 90 азы юбилей. Ныртæккæ ахуырадон уагдоны ис 34 скъоладзауы.