https://sputnik-ossetia.com/20250805/tskhinvaly-mer-radzyrdta-prezidentan-stolitsayy-kharzaraztady-tykhkhay-34454847.html
Цхинвалы мэр радзырдта президентӕн столицӕйы хӕрзарӕзтады тыххӕй
Цхинвалы мэр радзырдта президентӕн столицӕйы хӕрзарӕзтады тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан радзырдта президент Гаглойты Аланӕн фӕстаг рӕстӕджы... 05.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-05T12:47+0300
2025-08-05T12:47+0300
2025-08-05T12:47+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвалы администраци
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/0b/30357203_0:125:1500:969_1920x0_80_0_0_579939af381220fd9109e2aed43885e1.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан радзырдта президент Гаглойты Аланӕн фӕстаг рӕстӕджы цы куыстытӕ бакодтой, уыдӕттыл. Приориттетон здӕхтыты ӕхсӕн – уынгты рухсытӕ сӕвӕрын, кӕртыты хӕрзарӕзтад ӕмӕ фӕндӕгты цалцӕг.Паддзахады сӕргълӕууӕг дыццӕджы ауагъта рабадт горӕты ӕмӕ районты администрациты разамонджытимӕ.Мэры ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты бакодтой егъау куыст, фӕлӕ нырма баззад бирӕ аразинӕгтӕ.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕйы фӕндӕгты ӕркодтой ӕмбӕлон уагмӕ.Уымӕй дарддӕр Цхинвалы администраци архайы уынгты рухсытӕ ранӕуӕг кӕныныл."Мах сӕвӕрдтам 250 рухсгӕнӕны 17 уынгыл, Ноджы ма уыййас хъӕуы сӕвӕрын, цӕмӕй рухс аххӕсса ӕнӕхъӕн горӕтыл. Фараст уынгыл сарӕзтам фӕндагон нысӕнттӕ. Аннӕ куыстытӕ фӕуыдзысты 20 сентбяры – Республикӕйы бонмӕ", - бафтыдта мэр.Джиоты Аланы проспектыл 26 августы онг фӕнд кӕнынц сӕвӕрын декоративон рухсытӕ.Президент бузныг загъта горӕты къухдариуӕгадӕн Уӕлахизы Бон ӕмӕ рауагъдонты бал сорганизаци кӕныны тыххӕй, афтӕ ма лӕмбынӕг хъусдарды тыххӕй столицӕйы хӕрзарӕзтадмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/0b/30357203_167:0:1500:1000_1920x0_80_0_0_e5a8802fd76a13a7636156a33cbbff9f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы администраци, президент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы администраци, президент
ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан радзырдта президент Гаглойты Аланӕн фӕстаг рӕстӕджы цы куыстытӕ бакодтой, уыдӕттыл. Приориттетон здӕхтыты ӕхсӕн – уынгты рухсытӕ сӕвӕрын, кӕртыты хӕрзарӕзтад ӕмӕ фӕндӕгты цалцӕг.
Паддзахады сӕргълӕууӕг дыццӕджы ауагъта рабадт горӕты ӕмӕ районты администрациты разамонджытимӕ.
Мэры ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты бакодтой егъау куыст, фӕлӕ нырма баззад бирӕ аразинӕгтӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕйы фӕндӕгты ӕркодтой ӕмбӕлон уагмӕ.
"Гӕнӕн ис зӕгъын, горӕты фӕндӕгтӕ кӕй ӕркодтам ӕмбӕлон уагмӕ. Сцалцӕг кодтам 110 квадратон метры фӕндӕгтӕ", - банысан кодта Гӕбӕраты Алан.
Уымӕй дарддӕр Цхинвалы администраци архайы уынгты рухсытӕ ранӕуӕг кӕныныл.
"Мах сӕвӕрдтам 250 рухсгӕнӕны 17 уынгыл, Ноджы ма уыййас хъӕуы сӕвӕрын, цӕмӕй рухс аххӕсса ӕнӕхъӕн горӕтыл. Фараст уынгыл сарӕзтам фӕндагон нысӕнттӕ. Аннӕ куыстытӕ фӕуыдзысты 20 сентбяры – Республикӕйы бонмӕ", - бафтыдта мэр.
Джиоты Аланы проспектыл 26 августы онг фӕнд кӕнынц сӕвӕрын декоративон рухсытӕ.
Президент бузныг загъта горӕты къухдариуӕгадӕн Уӕлахизы Бон ӕмӕ рауагъдонты бал сорганизаци кӕныны тыххӕй, афтӕ ма лӕмбынӕг хъусдарды тыххӕй столицӕйы хӕрзарӕзтадмӕ.