https://sputnik-ossetia.com/20250807/arta-iron-khabysaykhatsadzhy-khayad-raysdzysty-duneyy-fytstsagady-bolgariyy-34479728.html
Ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы хайад райсдзысты дунейы фыццагады Болгарийы
Ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы хайад райсдзысты дунейы фыццагады Болгарийы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ ирон спортсмены хайад райсдзысты дунейы фыццагады спортивон хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн... 07.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-07T10:01+0300
2025-08-07T10:01+0300
2025-08-07T10:01+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0c/13/27319178_0:193:3298:2048_1920x0_80_0_0_e84feb70607f1d04361113e2bf3737cb.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ ирон спортсмены хайад райсдзысты дунейы фыццагады спортивон хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн Болгарийы.Турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй архайдзысты Карданты Марат (79 кг) ӕмӕ Гаглойты Инал (125кг). Карданты Марат хъахъхъӕны ерысты Германийы спортивон кад, Гаглойты Инал архайы уӕрӕсейаг командӕйы сконды.Беслехъоты Зауыр та тох кӕндзӕн майдантыл греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 77 килограммы уӕзы категорийы. Фарон дӕр Зауыр хайад иста дунейы фыццагады Испанийы ӕмӕ дзы рамбылдта сыгъзӕрин майдан.Дунейы фыццагад 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн цӕудзӕн Болгарийы 17-24. Турниры хайад исынц 650 хъӕбысӕйхӕцӕджы дунейы бӕстӕтӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0c/13/27319178_0:0:2732:2048_1920x0_80_0_0_0629532174ff3119a429450c5ee05482.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
Ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы хайад райсдзысты дунейы фыццагады Болгарийы
ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ ирон спортсмены хайад райсдзысты дунейы фыццагады спортивон хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн Болгарийы.
Турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй архайдзысты Карданты Марат (79 кг) ӕмӕ Гаглойты Инал (125кг). Карданты Марат хъахъхъӕны ерысты Германийы спортивон кад, Гаглойты Инал архайы уӕрӕсейаг командӕйы сконды.
Беслехъоты Зауыр та тох кӕндзӕн майдантыл греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 77 килограммы уӕзы категорийы. Фарон дӕр Зауыр хайад иста дунейы фыццагады Испанийы ӕмӕ дзы рамбылдта сыгъзӕрин майдан.
Дунейы фыццагад 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн цӕудзӕн Болгарийы 17-24. Турниры хайад исынц 650 хъӕбысӕйхӕцӕджы дунейы бӕстӕтӕй.