https://sputnik-ossetia.com/20250808/khussar-iry-ssardtoy-amttgty-rukhs-nmtt-34505302.html
Хуссар Иры ссардтой амæттæгты рухс нæмттæ
Хуссар Иры ссардтой амæттæгты рухс нæмттæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы ацыдысты 2008 азы августы хæстæн нывонд фыдохы мадзæлттæ. 08.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-08T10:03+0300
2025-08-08T10:03+0300
2025-08-08T10:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
08.08.08.
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/07/34500577_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_f4b7581eddf1c7d1787cbf2a5a0d67bd.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы ацыдысты 2008 азы августы хæстæн нывонд фыдохы мадзæлттæ.Гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссарынмæ æрбацыд бæстæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ, фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ республикæйы минæй фылдæр цæрæджы.Церемонийы райдайæны равдыстой документалон фильм фондзбонон хæсты цауты тыххæй.Кинонывы фæстæ æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ æмæ веноктæ Мемориалмæ.Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз.Гаглойты Алан бафтыфдта, зæгъгæ, Цхинвалы хъахъхъæнджытæ уыцы бонты равдыстой æцæг хъайтардзинад.Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/07/34500577_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_7fc7f4c7cca19397e2f435ef5899b608.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, 08.08.08.
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, 08.08.08.
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы ацыдысты 2008 азы августы хæстæн нывонд фыдохы мадзæлттæ.
Гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссарынмæ æрбацыд бæстæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ, фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ республикæйы минæй фылдæр цæрæджы.
Церемонийы райдайæны равдыстой документалон фильм фондзбонон хæсты цауты тыххæй.
Кинонывы фæстæ æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ æмæ веноктæ Мемориалмæ.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз.
"Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй ногæй æрымысæм 2008 азы августы хæсты бонтæ, гуырдзиаг æфсæдтæ Саакашвилийы бардзырдæй куы райдадтой масштабон агрессин æ бæстæйы ныхмæ. Знаджы артиллери æмæ ракетæтæ æхстой цæрæн кварталтæ, РЕспубликон рынчындон, æхсæнадон бæстыхæйттæ. Сабыр цæрджытæ – сылгоймæгтæ, сабитæ, зæрæдтæ – мардысты уыцы бомбардировкæты фæстиуæгæн", - бахахх кодта президент.
Гаглойты Алан бафтыфдта, зæгъгæ, Цхинвалы хъахъхъæнджытæ уыцы бонты равдыстой æцæг хъайтардзинад.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.