https://sputnik-ossetia.com/20250812/khussarirystoynag-komandata-khayad-raysdzysty-syvallatty-futbolon-turniry-tsagat-iry-34566998.html
Хуссарирыстойнаг командӕтӕ хайад райсдзысты сывӕллӕтты футболон турниры Цӕгат Иры
Хуссарирыстойнаг командӕтӕ хайад райсдзысты сывӕллӕтты футболон турниры Цӕгат Иры
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цыппар футболон командӕйы Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты дыууӕбонон турнир "Атлетик CUP"-ы Цӕгат Ирыстоны... 12.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-12T09:43+0300
2025-08-12T09:43+0300
2025-08-12T09:43+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/11/14976430_0:0:2560:1441_1920x0_80_0_0_ae494d65cdcb07fc1cf959467394b9be.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цыппар футболон командӕйы Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты дыууӕбонон турнир "Атлетик CUP"-ы Цӕгат Ирыстоны Фыййагдоны. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта тренер Хъазиты Алан.Хъазиты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, турнирмӕ цӕуынц цалдӕр тренеры хъомылгӕнинӕгтӕ – йӕхӕдӕг, Кокойты Юрий ӕмӕ Бекъойты Ацӕмӕз.Ерыстӕ цӕудзысты 13-ӕй 15-ӕм августмӕ, хайад дзы райсдзысты 25 командӕйы Астрахань, Мӕздӕг, Махачкала, Анапа, Ессентуки ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/11/14976430_175:0:2451:1707_1920x0_80_0_0_925f25f81a86ac75b05786be70bdb57e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссарирыстойнаг командӕтӕ хайад райсдзысты сывӕллӕтты футболон турниры Цӕгат Иры
ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цыппар футболон командӕйы Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты дыууӕбонон турнир "Атлетик CUP"-ы Цӕгат Ирыстоны Фыййагдоны. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта тренер Хъазиты Алан.
"Мах фыццаг хатт хайад райсдзыстӕм ацы ерысты. Хуссар Ирыстонӕй турниры архайдзӕн цыппар командӕйы – ӕртӕ "Барсалан"-ы ӕмӕ иу "Фӕранк", - радзырдта тренер.
Хъазиты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, турнирмӕ цӕуынц цалдӕр тренеры хъомылгӕнинӕгтӕ – йӕхӕдӕг, Кокойты Юрий ӕмӕ Бекъойты Ацӕмӕз.
Ерыстӕ цӕудзысты 13-ӕй 15-ӕм августмӕ, хайад дзы райсдзысты 25 командӕйы Астрахань, Мӕздӕг, Махачкала, Анапа, Ессентуки ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй.