https://sputnik-ossetia.com/20250814/tsunary-khauy-bakodtoy-fandag-agrosaudadzheradon-kuystuat-yuzhnyy-sad-ma-34605714.html
Цъунары хъӕуы бакодтой фӕндаг агросӕудӕджерадон куыстуат "Южный сад"-мӕ
Цъунары хъӕуы бакодтой фӕндаг агросӕудӕджерадон куыстуат "Южный сад"-мӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы бакодтой дыууӕ километры дӕргъӕн фӕндаг, кӕцы иу кӕны трассӕ Цхинвал –... 14.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-14T14:10+0300
2025-08-14T14:10+0300
2025-08-14T14:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвалы район
экономикӕ
хъӕууон хӕдзарад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/0e/34600663_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_8b774d545889d0735f3275fc3bab23f1.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы бакодтой дыууӕ километры дӕргъӕн фӕндаг, кӕцы иу кӕны трассӕ Цхинвал – Знауыр агросӕудӕджерадон куыстуат "Южный сад"-мӕ.Фӕндаг бакӕныны церемонийы хайад райстой экономикӕйы министр Хъотайты Сӕрмӕт, фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар, Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр, афтӕ ма компани "Южный сад"-ы къухдариуӕгад йӕ хицау Тотоонты Александры сӕргълӕудӕй.Хъотайты Сӕрмӕт бузныг загъта фӕндаг саразыныл чи архайдта, ӕппӕт уыдонӕн ӕмӕ бахахх кодта, "Южный сад" кӕй у ахсджиаг республикӕйы экономикӕйӕн.Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал хъӕуы цӕрджыты номӕй бузныг загъта фӕндаджы арӕзтады тыххӕй.Проекты реализаци ӕххӕст ӕрцыд инвесторы хъӕппӕрисӕй республикӕйы къухдариуӕгады ӕххуысӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/0e/34600663_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_c74fcbcf38ab26d0096eb4aa65256b3f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы район, экономикӕ, хъӕууон хӕдзарад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы район, экономикӕ, хъӕууон хӕдзарад
Цъунары хъӕуы бакодтой фӕндаг агросӕудӕджерадон куыстуат "Южный сад"-мӕ
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы бакодтой дыууӕ километры дӕргъӕн фӕндаг, кӕцы иу кӕны трассӕ Цхинвал – Знауыр агросӕудӕджерадон куыстуат "Южный сад"-мӕ.
Фӕндаг бакӕныны церемонийы хайад райстой экономикӕйы министр Хъотайты Сӕрмӕт, фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар, Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр, афтӕ ма компани "Южный сад"-ы къухдариуӕгад йӕ хицау Тотоонты Александры сӕргълӕудӕй.
Хъотайты Сӕрмӕт бузныг загъта фӕндаг саразыныл чи архайдта, ӕппӕт уыдонӕн ӕмӕ бахахх кодта, "Южный сад" кӕй у ахсджиаг республикӕйы экономикӕйӕн.
"Бузныг уын уӕ куысты тыххӕй. "Южный сад" у хуссарирыстойнаг хъӕууонхӕдзарадон продукцийы экспорты локомотив", - банысан кодта экономикӕйы министр.
Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал хъӕуы цӕрджыты номӕй бузныг загъта фӕндаджы арӕзтады тыххӕй.
Проекты реализаци ӕххӕст ӕрцыд инвесторы хъӕппӕрисӕй республикӕйы къухдариуӕгады ӕххуысӕй.