https://sputnik-ossetia.com/20250819/donald-tramp-fembald-zelenskiy-ama-evropeyag-lidertima-34670248.html
Дональд Трамп фембӕлд Зеленский ӕмӕ европейаг лидертимӕ
Дональд Трамп фембӕлд Зеленский ӕмӕ европейаг лидертимӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Америкӕйы иугонд штатты (АИШ) разамонӕг Дональд Трамп Вашингтоны Урс хӕдзары фембӕлд Украинӕйы президент Владимир Зеленский ӕмӕ... 19.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-19T09:27+0300
2025-08-19T09:27+0300
2025-08-19T09:27+0300
дунейы
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/12/34666014_0:0:3008:1693_1920x0_80_0_0_c1b9b98c6674455e28dee844cbe59369.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Америкӕйы иугонд штатты (АИШ) разамонӕг Дональд Трамп Вашингтоны Урс хӕдзары фембӕлд Украинӕйы президент Владимир Зеленский ӕмӕ европейаг бӕстӕты лидертимӕ украинӕйаг конфликты фарсты фӕдыл.Трамп фембӕлды фӕстӕ фехъусын кодта, хорз шанстӕ кӕй ис украинӕйаг конфликт фӕуынӕн. Уыимӕ иумӕ Зеленский не сдзуапп кодта фарстыл, цӕттӕ у раттын йӕ территориты хай ӕви нӕ.Америкӕйы президент бахахх кодта, Владимир Путин ӕмӕ Владимир Зеленскиимӕ фембӕлд кӕй фӕнд кӕнынц сорганизаци кӕнын дыууӕ къуырийы дӕргъы. Украинӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, территориты фарстыл кӕй дзурдзӕн ӕрмӕстдӕр уыцы ӕртӕварсон фембӕлды.Афтӕ ма Путин ӕмӕ Трамп аныхас кодтой телефонӕй. Уӕрӕсе ӕмӕ АИШ-ы президенттӕ хорзыл банымадтой хъӕппӕрис, цӕмӕй ацӕуа комкоммӕ баныхас Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕйы делегациты ӕхсӕн.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/12/34666014_156:0:2887:2048_1920x0_80_0_0_c6fa46565c81d8c10434f65e4907c338.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
дунейы, уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
дунейы, уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
Дональд Трамп фембӕлд Зеленский ӕмӕ европейаг лидертимӕ
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Америкӕйы иугонд штатты (АИШ) разамонӕг Дональд Трамп Вашингтоны Урс хӕдзары фембӕлд Украинӕйы президент Владимир Зеленский ӕмӕ европейаг бӕстӕты лидертимӕ украинӕйаг конфликты фарсты фӕдыл.
Трамп фембӕлды фӕстӕ фехъусын кодта, хорз шанстӕ кӕй ис украинӕйаг конфликт фӕуынӕн. Уыимӕ иумӕ Зеленский не сдзуапп кодта фарстыл, цӕттӕ у раттын йӕ территориты хай ӕви нӕ.
Америкӕйы президент бахахх кодта, Владимир Путин ӕмӕ Владимир Зеленскиимӕ фембӕлд кӕй фӕнд кӕнынц сорганизаци кӕнын дыууӕ къуырийы дӕргъы. Украинӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, территориты фарстыл кӕй дзурдзӕн ӕрмӕстдӕр уыцы ӕртӕварсон фембӕлды.
Афтӕ ма Путин ӕмӕ Трамп аныхас кодтой телефонӕй. Уӕрӕсе ӕмӕ АИШ-ы президенттӕ хорзыл банымадтой хъӕппӕрис, цӕмӕй ацӕуа комкоммӕ баныхас Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕйы делегациты ӕхсӕн.