https://sputnik-ossetia.com/20250821/dzaudzhykhau--alagir-trassayyl-ftts-yy-fastiuagan-iu-adaymag-amard-34702923.html
"Дзӕуджыхъӕу – Алагир" трассӕйыл ФТЦ-йы фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард
"Дзӕуджыхъӕу – Алагир" трассӕйыл ФТЦ-йы фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Дзӕуджыхъӕу – Алагир" трассӕйыл фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард, фараст сывӕллоны та... 21.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-21T11:08+0300
2025-08-21T11:08+0300
2025-08-21T11:08+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
аваритӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/14/34700275_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_509ae2581792ae73ee70b7030be24eac.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Дзӕуджыхъӕу – Алагир" трассӕйыл фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард, фараст сывӕллоны та райстой буары цӕфтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад.ФТЦ ӕрцыд знон изӕры аст сахатыл. "Москвич"-ы 54-аздзыд шофыр рахызт ныхмӕцӕуӕн тагмӕ ӕмӕ сӕмбӕлд "Тойота" хӕдтулгӕйыл.Уӕрӕсейаг маркӕйы хӕдтулгӕйы шофыр фӕмард рынчындонмӕ фӕндагыл. Республикон сывӕллӕтты рынчындонмӕ ӕрбаластой фараст сывӕллоны, сӕ цардӕн ницы тас ис, хъусын кӕны республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/14/34700275_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_35f60f05c4e630d45d05588e95a37cde.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, аваритӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, аваритӕ
"Дзӕуджыхъӕу – Алагир" трассӕйыл ФТЦ-йы фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Дзӕуджыхъӕу – Алагир" трассӕйыл фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард, фараст сывӕллоны та райстой буары цӕфтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад.
ФТЦ ӕрцыд знон изӕры аст сахатыл. "Москвич"-ы 54-аздзыд шофыр рахызт ныхмӕцӕуӕн тагмӕ ӕмӕ сӕмбӕлд "Тойота" хӕдтулгӕйыл.
Уӕрӕсейаг маркӕйы хӕдтулгӕйы шофыр фӕмард рынчындонмӕ фӕндагыл. Республикон сывӕллӕтты рынчындонмӕ ӕрбаластой фараст сывӕллоны, сӕ цардӕн ницы тас ис, хъусын кӕны республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад.