https://sputnik-ossetia.com/20250821/tsagat-iry-sisga-film-cherepakha-ravdisdzysty-festivaly-los-andzhelesy-34707407.html
Цӕгат Иры сисгӕ фильм "Черепаха" равдисдзысты фестивалы Лос-Анджелесы
Цӕгат Иры сисгӕ фильм "Черепаха" равдисдзысты фестивалы Лос-Анджелесы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сисгӕ цыбырметражон аивадон фильм "Черепаха" бахызт Лос-Анджелесы кинофестивалы программӕмӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн... 21.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-21T16:23+0300
2025-08-21T16:23+0300
2025-08-21T16:23+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
аивад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/09/28633478_0:159:3077:1889_1920x0_80_0_0_3d6b21beb56823e58ad092939608098d.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сисгӕ цыбырметражон аивадон фильм "Черепаха" бахызт Лос-Анджелесы кинофестивалы программӕмӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта кинонывы режиссер Морис Амирян.Фильмы сӕйраг фӕлгонцтӕ сӕххӕст кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор Мамиты Григорий ӕмӕ йӕ фырт.Режиссеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фильм фылдӕр бӕрцӕй баст у йӕ хисӕрмагонд мысинӕгтыл.Режиссерӕн йӕхицӕн фадат нӕ уыдзӕн фестивалы хайад райсынӕн, уымӕн ӕмӕ ахуырад цӕуы Китайы коммуникациты университеты магистратурӕйы.Кинонывы автор бузныг загъта Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн фильм исынӕн баххуыс кӕныны тыххӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/09/28633478_173:0:2902:2047_1920x0_80_0_0_03358839c8edcb5b0531389f36f2b6cf.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, аивад
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, аивад
Цӕгат Иры сисгӕ фильм "Черепаха" равдисдзысты фестивалы Лос-Анджелесы
ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сисгӕ цыбырметражон аивадон фильм "Черепаха" бахызт Лос-Анджелесы кинофестивалы программӕмӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта кинонывы режиссер Морис Амирян.
Фильмы сӕйраг фӕлгонцтӕ сӕххӕст кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор Мамиты Григорий ӕмӕ йӕ фырт.
"Фестиваль сорганизаци кодтой Америкӕйы иугонд штатты цӕрӕг сомихӕгтӕ. Йӕ нысаниуӕг у бавдисын кӕсджытӕн сомихаг авторты куыстытӕ. Ӕз сӕм арвыстон мӕ киноныв, ӕмӕ мын ӕй равзӕрстой равдыстӕн. Кӕсджытӕ йӕ фендзысты 5 сентябры Лос-Анджелесы", - радзырдта Амирян.
Режиссеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фильм фылдӕр бӕрцӕй баст у йӕ хисӕрмагонд мысинӕгтыл.
Режиссерӕн йӕхицӕн фадат нӕ уыдзӕн фестивалы хайад райсынӕн, уымӕн ӕмӕ ахуырад цӕуы Китайы коммуникациты университеты магистратурӕйы.
Кинонывы автор бузныг загъта Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн фильм исынӕн баххуыс кӕныны тыххӕй.