https://sputnik-ossetia.com/20250822/znauyry-rayony-rkhi-khdbardzinad-banymayyny-tsytn-sorganizatsi-kodtoy-iron-kbits-34722073.html
Знауыры районы РХИ хæдбардзинад банымайыны цытæн сорганизаци кодтой "Ирон къæбиц"
Знауыры районы РХИ хæдбардзинад банымайыны цытæн сорганизаци кодтой "Ирон къæбиц"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Знауыры районы централон парчы ацыд Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 17-æм афæдзы боны цытæн... 22.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-22T15:58+0300
2025-08-22T15:58+0300
2025-08-22T15:58+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
знауыры район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/17/30207302_0:160:3071:1887_1920x0_80_0_0_54c7378c6c4619f071907f830f9013f4.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Знауыры районы централон парчы ацыд Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 17-æм афæдзы боны цытæн бæрæгбонон мадзал "Ирон къæбиц".Мадзалмæ бацыдысты президент Гаглойты Алан æмæ хицауады уæнгтæ.Хъæуты адмнистрациты минæвæрттæ бавдыстой уазджытæн националон хæринæгтæ æмæ нозт. Уый фæстæ мадзал адарддæр ис концертон программæ æмæ декаративон аивады равдыстæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/17/30207302_171:0:2900:2047_1920x0_80_0_0_5ab2e5e23a59d1da488d37b3815092a5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, знауыры район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, знауыры район
Знауыры районы РХИ хæдбардзинад банымайыны цытæн сорганизаци кодтой "Ирон къæбиц"
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Знауыры районы централон парчы ацыд Уæрæсейы рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 17-æм афæдзы боны цытæн бæрæгбонон мадзал "Ирон къæбиц".
Мадзалмæ бацыдысты президент Гаглойты Алан æмæ хицауады уæнгтæ.
"Мах тагъд нысан кæндзыстæм республикæйы нырыккон историйы иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй иу – Хуссар Ирыстоны хæбардзинад банымайыны бон Уæрæсейы Федерацийы рдыгæй. 17 азы цæрæм æдасдзинады. Уый уыд Уæрæсейы уæлдæр политикон къухдариуæгады историон скъуыддзаг. Мах алыхатт дæр бузныг дзурдзыстæм уый тыххæй нæ сæйраг стратегион партнерæн", - загъта президент.
Хъæуты адмнистрациты минæвæрттæ бавдыстой уазджытæн националон хæринæгтæ æмæ нозт. Уый фæстæ мадзал адарддæр ис концертон программæ æмæ декаративон аивады равдыстæй.