https://sputnik-ossetia.com/20250827/tskhinvaly-atsyd-baragbonon-ambyrd-khussar-iry-khadbardzinad-banymayyny-17-am-afadzy-bony-tsytan-34777736.html
Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд Хуссар Иры хӕдбардзинад банымайыны 17-ӕм афӕдзы боны цытӕн
Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд Хуссар Иры хӕдбардзинад банымайыны 17-ӕм афӕдзы боны цытӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд Уӕрӕсейы рдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны 17-ӕм афӕдзы боны цытӕн. 27.08.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-08-27T09:35+0300
2025-08-27T09:35+0300
2025-08-27T09:35+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хæдбардзинад банымайыны бон
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/1a/34774033_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_e7d0e6175f2ac0d93ecef03bb0424e9e.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд Уӕрӕсейы рдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны 17-ӕм афӕдзы боны цытӕн.Мадзалы хайад райста республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Хуссар Ирыстоны Денис Федоров, хицауады уӕнгтӕ, парламенты депутаттӕ, афтӕ ма ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы уазджытӕ.Ӕмбырд бакодтой цыбыр документалон фильм, уым Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ радзырдтой сӕ мысинӕгтӕ 2008 азы 26 августы тыххӕй.Кинонывы фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта республикӕйы президент Гаглойты Алан.Паддзахады сӕргълӕууӕг зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, 2008 азы Гуырдзыстон кӕй сӕххӕст кодта ӕвирхъау агресси Хуссар Ирыстоны сабыр цӕрджыты ныхмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/08/1a/34774033_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_68e1c02119945799d2434de4a3372514.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хæдбардзинад банымайыны бон, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хæдбардзинад банымайыны бон, гаглойты алан
Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд Хуссар Иры хӕдбардзинад банымайыны 17-ӕм афӕдзы боны цытӕн
ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд Уӕрӕсейы рдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны 17-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
Мадзалы хайад райста республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Хуссар Ирыстоны Денис Федоров, хицауады уӕнгтӕ, парламенты депутаттӕ, афтӕ ма ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы уазджытӕ.
Ӕмбырд бакодтой цыбыр документалон фильм, уым Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ радзырдтой сӕ мысинӕгтӕ 2008 азы 26 августы тыххӕй.
Кинонывы фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта республикӕйы президент Гаглойты Алан.
"Ацы бон нын ӕрымысын кӕны историон бӕрндзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ моралон ӕвзӕрст. Ацы бон Уӕрӕсе гуманизм ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон барады бындурыл сарӕзта ахсджиаг къахдзӕф ӕмӕ банымадта республикӕйы хӕдбардзинад. Мах алыхатт дӕр бузныг дзурдзыстӕм уый тыххӕй Уӕрӕсейӕн", - банысан кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, 2008 азы Гуырдзыстон кӕй сӕххӕст кодта ӕвирхъау агресси Хуссар Ирыстоны сабыр цӕрджыты ныхмӕ.