https://sputnik-ossetia.com/20250904/khussar-iry-arztady-ministr-radzyrdta-premern-2025-azy-investprogrammyy-realizatsiyyl-34928897.html
Хуссар Иры арæзтады министр радзырдта премьерæн 2025 азы Инвестпрограммæйы реализацийыл
Хуссар Иры арæзтады министр радзырдта премьерæн 2025 азы Инвестпрограммæйы реализацийыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин ауагъта 2025 азы Инвестпрограммæйы штабы рабадт. Арæзтад, архитектурæ æмæ... 04.09.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-09-04T14:32+0300
2025-09-04T14:32+0300
2025-09-04T14:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/0e/30118039_0:3:1920:1083_1920x0_80_0_0_8ed39a25836284f62621b1ecf02d97f5.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин ауагъта 2025 азы Инвестпрограммæйы штабы рабадт. Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ министр Цоциты Зауыр бахахх кодта, æппæт объектты хорз темптæй кæй цæуынц арæзтадон куыстытæ, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæуд кæнынц куыстытæ Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы æмæ Леуахийы цæугæдоны сæрты хиды 13 Коммунары уынгыл, афтæ ма Ерцъо-Синагур автомобилон фæндагыл.Арæзтады министр бафтыдта, зæгъгæ, арæзтадон куыстытæ цæуынц горæты уынгтыл дæр, уыдонæй бирæты цæттæ кæнынц асфальты фыццаг цъар сæвæрынмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/0e/30118039_237:0:1684:1085_1920x0_80_0_0_d85a0539b30818fcd47af003720e5420.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, хуссар иры хицауад
Хуссар Иры арæзтады министр радзырдта премьерæн 2025 азы Инвестпрограммæйы реализацийыл
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин ауагъта 2025 азы Инвестпрограммæйы штабы рабадт. Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ министр Цоциты Зауыр бахахх кодта, æппæт объектты хорз темптæй кæй цæуынц арæзтадон куыстытæ, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
"Хорз темпты арæзтадон куыстытæ цæуынц 75-фатерон хæдзары Ирæтты уынгыл. Ацы объекты архайынц 56 адæймаджы æмæ техникæйы 5 иуæджы", - радзырдта министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæуд кæнынц куыстытæ Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы æмæ Леуахийы цæугæдоны сæрты хиды 13 Коммунары уынгыл, афтæ ма Ерцъо-Синагур автомобилон фæндагыл.
Арæзтады министр бафтыдта, зæгъгæ, арæзтадон куыстытæ цæуынц горæты уынгтыл дæр, уыдонæй бирæты цæттæ кæнынц асфальты фыццаг цъар сæвæрынмæ.