https://sputnik-ossetia.com/20250904/tskhinvaly-rdzyrdtoy-styr-fydybstyon-khsty-tsyrtdzvnt-tsaltsdzhy-proekty-realizatsiyyl-34926534.html
Цхинвалы æрдзырдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнтæ цалцæджы проекты реализацийыл
Цхинвалы æрдзырдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнтæ цалцæджы проекты реализацийыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнты цалцæг кæныны проекты... 04.09.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-09-04T13:10+0300
2025-09-04T13:10+0300
2025-09-04T13:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/03/34902423_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_d9566ebf510e9d960d04be750cfa5c0e.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнты цалцæг кæныны проекты реализацийыл. Фембæлд ауагъта президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан, хайад дзы райстой уæрæсейаг хæрзаудæн фонд "Память поколений"-ы минæвæрттæ – ацы организаци у проекты сæйраг партнертæй иу.Куыстытæ ныридæгæн цæуынц Знауыры районы, уым сцалцæг кодтой æртæ мемориалы. Фидæны проект аххæсдзæн республикæйы æппæт районтыл.Тыбылты Алан бахахх кодта, ахсджиаг кæй у æрбаздахын проектмæ скъоладзаутæ æмæ фæсивæды минæвæртты.Проекты егъаудæр объект у мемориал Дзауы районы Дзæкъултайы хъæуы. Цыртдзæвæн бахъыгдард 1990-æм азты зæххæнъкуысты фæстиуæгæн, йæ цалцæгæн рахицæн кодтой фараст милуан сомы.Фонд "Память поколений"-ы минæвæрттæ дзырд радтой баххуыс кæнын уæлæмхас финанскæнынадимæ.Цхинвалы районы сæргълæууæг Бæззаты Иналы ныхæстæм гæсгæ, уыдонмæ ныртæккæ цæуы зæронд цыртдзæвæнты демонтаж, уый фæстæ райдайдзысты арæзтадон куыстытæ.Фонды операцион директор Наталья Русакова бахахх кодта, æввахс рæстæджы организацийы минæвæрттæ ногæй кæй æрцæудзысты Цхинвалмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/03/34902423_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_4e57c8cb7d2cfe4be9fec3f63710168e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, стыр фыдыбæстон хæст
Цхинвалы æрдзырдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнтæ цалцæджы проекты реализацийыл
ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнты цалцæг кæныны проекты реализацийыл. Фембæлд ауагъта президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан, хайад дзы райстой уæрæсейаг хæрзаудæн фонд "Память поколений"-ы минæвæрттæ – ацы организаци у проекты сæйраг партнертæй иу.
Куыстытæ ныридæгæн цæуынц Знауыры районы, уым сцалцæг кодтой æртæ мемориалы. Фидæны проект аххæсдзæн республикæйы æппæт районтыл.
"Ацы къуырийы кæрон райдайдзысты цыртдзæвæнтæ цалцæг кæныны куыстытæ нæ районы. Фыццаджыдæр цалцæг кæндзысты мемориалтæ, скъолатæ æмæ бæстыхæйтты куыст та гæнæн ис адарддæр кæнын зымæджы дæр", - банысан кодта Ленингоры районы сæргълæууæг Уалыты Муртаз.
Тыбылты Алан бахахх кодта, ахсджиаг кæй у æрбаздахын проектмæ скъоладзаутæ æмæ фæсивæды минæвæртты.
Проекты егъаудæр объект у мемориал Дзауы районы Дзæкъултайы хъæуы. Цыртдзæвæн бахъыгдард 1990-æм азты зæххæнъкуысты фæстиуæгæн, йæ цалцæгæн рахицæн кодтой фараст милуан сомы.
"Æрмæст мемориалы цыртæн хъæуы авд милуан сомы бæрц æмæ мах æмбарæм, рахицæнгонд суммæ нын фаг кæй нæ уыдзæн, уый фæдыл куыстытæм æрбаздахдзысты администрацийы тыхтæ дæр", - загъта Дзауы районы разамонæг Тыбылты Ванда.
Фонд "Память поколений"-ы минæвæрттæ дзырд радтой баххуыс кæнын уæлæмхас финанскæнынадимæ.
Цхинвалы районы сæргълæууæг Бæззаты Иналы ныхæстæм гæсгæ, уыдонмæ ныртæккæ цæуы зæронд цыртдзæвæнты демонтаж, уый фæстæ райдайдзысты арæзтадон куыстытæ.
Фонды операцион директор Наталья Русакова бахахх кодта, æввахс рæстæджы организацийы минæвæрттæ ногæй кæй æрцæудзысты Цхинвалмæ.