https://sputnik-ossetia.com/20250910/khussar-iry-kulturyy-ministr-khayad-raysdzn-forumy-peterburdzhy-35025629.html
Хуссар Иры культурæйы министр хайад райсдзæн форумы Петербурджы
Хуссар Иры культурæйы министр хайад райсдзæн форумы Петербурджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æртыккаг хатт хайад райсдзæн иугонд культурæты æхсæнадæмон форумы Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта... 10.09.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-09-10T16:14+0300
2025-09-10T16:14+0300
2025-09-10T16:14+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/05/28607759_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_40e8555712f5a62420bcfff8ea9c8008.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æртыккаг хатт хайад райсдзæн иугонд культурæты æхсæнадæмон форумы Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта Sputnik-æн республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Рада.Йæ ныхæстæм гæсгæ, мадзал цæудзæн 11-13 сентябры.Культурæйы министр зæрдыл æрбалæууын кодта, 2023 азы форумы фæлгæтты кæй бафыстæуыд æмгуыстады программæ 2024-2026 азтæм Уæрæсейы культурæйы министрадимæ. Ацы программæйы фæлгæтты фарсытæ активонæй æмархайд кæнынц æмæ ныридæгæн реализаци скодтой къорд мадзалы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/05/28607759_84:0:1417:1000_1920x0_80_0_0_c8977d00a5ec3d26958db9992e401038.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Хуссар Иры культурæйы министр хайад райсдзæн форумы Петербурджы
ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æртыккаг хатт хайад райсдзæн иугонд культурæты æхсæнадæмон форумы Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта Sputnik-æн республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Рада.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мадзал цæудзæн 11-13 сентябры.
"Хуссар Ирыстоны делегаци фембæлдзæн Уæрæсейы Федерацийы культурæйы министр Ольга Любимоваимæ. Сæйраг фарстытæй иу уыдзæн сорганизаци кæнын 2026 азы Уæрæсейы культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны бонтæ Уæрæсейы", - загъта Зæгъойты Рада.
Культурæйы министр зæрдыл æрбалæууын кодта, 2023 азы форумы фæлгæтты кæй бафыстæуыд æмгуыстады программæ 2024-2026 азтæм Уæрæсейы культурæйы министрадимæ. Ацы программæйы фæлгæтты фарсытæ активонæй æмархайд кæнынц æмæ ныридæгæн реализаци скодтой къорд мадзалы.