https://sputnik-ossetia.com/20250910/tskhinvaly-skoladzaut-fytstsag-khatt-khayad-raysdzysty-ppturseyag-zarnitsa-yy-35025178.html
Цхинвалы скъоладзаутæ фыццаг хатт хайад райсдзысты æппæтуæрæсейаг "Зарница"-йы
Цхинвалы скъоладзаутæ фыццаг хатт хайад райсдзысты æппæтуæрæсейаг "Зарница"-йы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъолайы командæ фæуд кæны цæттæкæнынад æппæтуæрæсейаг æфсæддон спортивон хъазт "Зарница"-йы финалон... 10.09.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-09-10T14:30+0300
2025-09-10T14:30+0300
2025-09-10T15:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хъахъхъæнынады министрад
уум
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/0a/35020772_0:198:2936:1850_1920x0_80_0_0_cb75ab6cb2d111eaa519efd0b033ad4f.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъолайы командæ фæуд кæны цæттæкæнынад æппæтуæрæсейаг æфсæддон спортивон хъазт "Зарница"-йы финалон этапмæ. Хуыцаубоны, 14 сентябры, скъоладзаутæ ацæудзысты Волгограды областмæ.Ахуырады министрады минæвар Буджиты Зæринæ радзырдта Sputnik-æн, хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ фыццаг хатт кæй райсдзысты хайад ахæм ерысты.Хъазты финалон этап цæудзæн 15-æй 23-æм сентябрмæ Волгограды областы. Программæйы сты егъау æфсæддон-тактикон хъæстытæ хæстон уавæрты, афтæ ма ерыстæ алыгъуызон æфсæддон дæсниæдтæй.Скъоладзауты бацæттæ кæнынæн æххуыс кæнынц Хъахъхъæнынады министрад, Уæлвæткон уавæрты министрад, ПТРК "Ир" æмæ Æвзонг техникты станц.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/0a/35020772_103:0:2834:2048_1920x0_80_0_0_a5f5ad46ea1aedff48f14d276cbedcf5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад, уум, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад, уум, ахуырад
Цхинвалы скъоладзаутæ фыццаг хатт хайад райсдзысты æппæтуæрæсейаг "Зарница"-йы
14:30 10.09.2025 (Ранӕуӕггонд: 15:30 10.09.2025) ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъолайы командæ фæуд кæны цæттæкæнынад æппæтуæрæсейаг æфсæддон спортивон хъазт "Зарница"-йы финалон этапмæ. Хуыцаубоны, 14 сентябры, скъоладзаутæ ацæудзысты Волгограды областмæ.
Ахуырады министрады минæвар Буджиты Зæринæ радзырдта Sputnik-æн, хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ фыццаг хатт кæй райсдзысты хайад ахæм ерысты.
Хъазты финалон этап цæудзæн 15-æй 23-æм сентябрмæ Волгограды областы. Программæйы сты егъау æфсæддон-тактикон хъæстытæ хæстон уавæрты, афтæ ма ерыстæ алыгъуызон æфсæддон дæсниæдтæй.
"Фæсивæд ныртæккæ цæуынц цæттæкæнынад: ахуыр сæ кæнынц тохы тактикæ, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын, дронтимæ архайын, афтæ ма сæ зонгæ кæнынц æфсæддон уацхæссæджы профессиимæ", - банысан кодта министрады минæвар.
Скъоладзауты бацæттæ кæнынæн æххуыс кæнынц Хъахъхъæнынады министрад, Уæлвæткон уавæрты министрад, ПТРК "Ир" æмæ Æвзонг техникты станц.