https://sputnik-ossetia.com/20250915/khussar-ir-nog-kany-khauuonkhadzaradon-tekhnika-ama-fyldar-kany-khorzayan-35079122.html
Хуссар Ир ног кӕны хъӕууонхӕдзарадон техникӕ ӕмӕ фылдӕр кӕны хорзайӕн
Хуссар Ир ног кӕны хъӕууонхӕдзарадон техникӕ ӕмӕ фылдӕр кӕны хорзайӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусӕгон фембӕлд хъӕууон хӕдзарады министр Мамыттаты Вахтангимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы... 15.09.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-09-15T15:04+0300
2025-09-15T15:04+0300
2025-09-15T15:04+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
хъӕууон хӕдзарад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/0f/35078454_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_2a22b9d55e31723423dcab91ed9e36cf.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусӕгон фембӕлд хъӕууон хӕдзарады министр Мамыттаты Вахтангимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд техникон парк ранӕуӕг кӕнын ӕмӕ республикӕйы аграрон секторы райрӕзтыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Министр радзырдта президентӕн, ӕппӕт хъӕууонхӕдзарадон техникӕ кӕй ӕркодтой кусӕгон уавӕрмӕ тыллӕг ӕфснайыны кампанийы райдианмӕ. Уӕлдай хъусдард здӕхт уыд ног техникӕмӕ, уый ӕлхӕд ӕрцыд президент Гаглойты Аланы хъӕрппӕрисӕй Националон банк цы кредитон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта, уыдон руаджы. Ныридӕгӕн балхӕдтой ӕртӕ тракторы ӕмӕ къуырийы кӕронмӕ та ӕрхӕццӕ уыдзысты сӕ агрегаттӕ, афтӕ ма фондз погрузчикы ӕмӕ фондз кӕрдӕн машинӕйы – уыдон байуардзысты Знауыр ӕмӕ Цхинвалы районтыл.Мамыттаты Вахтанг ма фехъусын кодта тыллӕг ӕфснайыны куыстыты тыххӕй дӕр.Мамыттаты Вахтангы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тауыны фӕзуӕттӕ азӕй азмӕ фылдӕр кӕнынц, ацы аз 1 сентябрӕй уыдон фӕфылдӕр сты 245 гектары бӕрц ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ.Фембӕлды рӕстӕджы ма ӕрдзырдтой Тирипоны каналы уавӕрыл дӕр. Министр радзырдта, канал кӕй ссыгъдӕг ӕмӕ сцалцӕг кодтой ӕмӕ ныр цӕттӕ у эксплуатацимӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/0f/35078454_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_d8f64cf2632f2f383618c1a843808de3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, хъӕууон хӕдзарад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, хъӕууон хӕдзарад
Хуссар Ир ног кӕны хъӕууонхӕдзарадон техникӕ ӕмӕ фылдӕр кӕны хорзайӕн
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусӕгон фембӕлд хъӕууон хӕдзарады министр Мамыттаты Вахтангимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд техникон парк ранӕуӕг кӕнын ӕмӕ республикӕйы аграрон секторы райрӕзтыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Министр радзырдта президентӕн, ӕппӕт хъӕууонхӕдзарадон техникӕ кӕй ӕркодтой кусӕгон уавӕрмӕ тыллӕг ӕфснайыны кампанийы райдианмӕ. Уӕлдай хъусдард здӕхт уыд ног техникӕмӕ, уый ӕлхӕд ӕрцыд президент Гаглойты Аланы хъӕрппӕрисӕй Националон банк цы кредитон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта, уыдон руаджы. Ныридӕгӕн балхӕдтой ӕртӕ тракторы ӕмӕ къуырийы кӕронмӕ та ӕрхӕццӕ уыдзысты сӕ агрегаттӕ, афтӕ ма фондз погрузчикы ӕмӕ фондз кӕрдӕн машинӕйы – уыдон байуардзысты Знауыр ӕмӕ Цхинвалы районтыл.
Мамыттаты Вахтанг ма фехъусын кодта тыллӕг ӕфснайыны куыстыты тыххӕй дӕр.
"Быдыртыл ӕфснайд ӕрцыд 1800 гектары хор. Сӕрмагондӕй рахицӕн гӕнӕн ис сорт "Элита", уый равдыста рекордон бӕрӕггӕнӕнтӕ – 6 тоннӕйы гектарӕй", - загъта министр.
Мамыттаты Вахтангы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тауыны фӕзуӕттӕ азӕй азмӕ фылдӕр кӕнынц, ацы аз 1 сентябрӕй уыдон фӕфылдӕр сты 245 гектары бӕрц ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы ма ӕрдзырдтой Тирипоны каналы уавӕрыл дӕр. Министр радзырдта, канал кӕй ссыгъдӕг ӕмӕ сцалцӕг кодтой ӕмӕ ныр цӕттӕ у эксплуатацимӕ.