https://sputnik-ossetia.com/20251003/mamyson-y-zymgon-sezon-fnd-knynts-noyabry-baygom-knyn--35434521.html
"Мамысон"-ы зымæгон сезон фæнд кæнынц ноябры байгом кæнын
"Мамысон"-ы зымæгон сезон фæнд кæнынц ноябры байгом кæнын
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik. Туристон комплекс "Мамысон"-ы зымæгон сезоны райдиан снысан кодтой ноябрьмæ. Уый тыххæй хъусын кæны "Кавказ.РФ". Развæлгъау уал... 03.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-03T13:50+0300
2025-10-03T13:50+0300
2025-10-03T18:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
туризм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/0e/32375140_0:67:1280:787_1920x0_80_0_0_16692dc7b658ac50b3c0d3461899d076.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik. Туристон комплекс "Мамысон"-ы зымæгон сезоны райдиан снысан кодтой ноябрьмæ. Уый тыххæй хъусын кæны "Кавказ.РФ". Развæлгъау уал трассæтыл сфæлвардзысты миты генераторты куыст. Кæронмæ фæхæццæ кæны сервисон центры арæзтад дæр. 1 ноябры байгом кæндзысты кассæтæ, инфоцентр, фысымуæттæ, ресторан. Сæйраг фæзы рæстæгмæ цы инфраструктурæ уыд, уый ног бæстыхаймæ раивдзысты. Рæстæгмæ агъуыстытæ та фæнд кæнынц бахъхъæнын. Фæстæдæр сæ скæндзысты музей. Уым æвдыст цæудзæн курорты райрæзты истори.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/0e/32375140_72:0:1209:853_1920x0_80_0_0_f35b3e555814671d84e23d39305ceed8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, туризм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, туризм
"Мамысон"-ы зымæгон сезон фæнд кæнынц ноябры байгом кæнын
13:50 03.10.2025 (Ранӕуӕггонд: 18:06 03.10.2025) ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik. Туристон комплекс "Мамысон"-ы зымæгон сезоны райдиан снысан кодтой ноябрьмæ. Уый тыххæй хъусын кæны "Кавказ.РФ". Развæлгъау уал трассæтыл сфæлвардзысты миты генераторты куыст. Кæронмæ фæхæццæ кæны сервисон центры арæзтад дæр.
1 ноябры байгом кæндзысты кассæтæ, инфоцентр, фысымуæттæ, ресторан. Сæйраг фæзы рæстæгмæ цы инфраструктурæ уыд, уый ног бæстыхаймæ раивдзысты. Рæстæгмæ агъуыстытæ та фæнд кæнынц бахъхъæнын. Фæстæдæр сæ скæндзысты музей. Уым æвдыст цæудзæн курорты райрæзты истори.