https://sputnik-ossetia.com/20251003/sputnik-y-press-tsentry-ruynaff-kodtoy-khussar-iryston-m-urseyy-fsivdon-proekttyl-35423699.html
Sputnik-ы пресс-центры æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсивæдон проекттыл
Sputnik-ы пресс-центры æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсивæдон проекттыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik, Олег Джагæв. Sputnik-ы пресс-центры ацыдис Мæскуы æмæ Цхинвалы хсæн видеохид. Ныхас кодтой фæсивæдон проекттыл, афтæ ма Хуссар... 03.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-03T10:30+0300
2025-10-03T10:30+0300
2025-10-03T11:10+0300
хуссар ирыстоны
уӕрӕсейы
фæсивæд
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/02/35409271_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_5202d92a73f5ed4589c35ca988ebece4.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik, Олег Джагæв. Sputnik-ы пресс-центры ацыдис Мæскуы æмæ Цхинвалы хсæн видеохид. Ныхас кодтой фæсивæдон проекттыл, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы иумæйаг ахуырадон хъæппæристыл. Мадзалы бацархайдтой Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат, парти "Единая Россия"-йы Уæлдæр советы уæнг, автономон æнæкоммерцион организаци "Еврази"-йы советы сæрдар Алена Аршинова æмæ Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы разамонæджы хæдивæг Тыбылты Алан.Аршинова фæхуыдта Хуссар Ирыстоны фæсивæды организаци "Еврази"-йы культурон проектты бацархайынмæ. Сæ нысан у историон рæстдзинад хъахъхъæнын. Хицæн æргом аздæхта проект "Победа 9/45"-мæ æмæ, ирон хæстонтæ Стыр Уæлахизмæ цы `вæрæн бахастой, уымæ. Раразмæ кодта ноджыдæр иу хъæппæрис – Хусссар Ирыстоны æхсæнадæмон кинофорум "Эхо "Евразия Кинофест" ауадзын. Уыцы форумы æвдисынц хуыздæр кинонывтæ, кæнынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ фæсивæды æмбæлын кæнынц зындгонд актертимæ.Тыбылты Аланы хъуыдымæ гæсгæ, хъæуид саразын уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг кæнæ æхсæнадæмон форум æмæ, нæ бæстæты иумæйаг идейæты `вварс чи у, уыцы адæмы æрæмбырд кæнын.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/02/35409271_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_5db28510dd33faae900a37e4cf5fb9e2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, фæсивæд, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, фæсивæд, ног хабӕрттӕ
Sputnik-ы пресс-центры æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсивæдон проекттыл
10:30 03.10.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:10 03.10.2025) ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik, Олег Джагæв. Sputnik-ы пресс-центры ацыдис Мæскуы æмæ Цхинвалы хсæн видеохид. Ныхас кодтой фæсивæдон проекттыл, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы иумæйаг ахуырадон хъæппæристыл. Мадзалы бацархайдтой Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат, парти "Единая Россия"-йы Уæлдæр советы уæнг, автономон æнæкоммерцион организаци "Еврази"-йы советы сæрдар Алена Аршинова æмæ Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы разамонæджы хæдивæг Тыбылты Алан.
Аршинова фæхуыдта Хуссар Ирыстоны фæсивæды организаци "Еврази"-йы культурон проектты бацархайынмæ. Сæ нысан у историон рæстдзинад хъахъхъæнын. Хицæн æргом аздæхта проект "Победа 9/45"-мæ æмæ, ирон хæстонтæ Стыр Уæлахизмæ цы `вæрæн бахастой, уымæ. Раразмæ кодта ноджыдæр иу хъæппæрис – Хусссар Ирыстоны æхсæнадæмон кинофорум "Эхо "Евразия Кинофест" ауадзын. Уыцы форумы æвдисынц хуыздæр кинонывтæ, кæнынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ фæсивæды æмбæлын кæнынц зындгонд актертимæ.
Тыбылты Аланы хъуыдымæ гæсгæ, хъæуид саразын уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг кæнæ æхсæнадæмон форум æмæ, нæ бæстæты иумæйаг идейæты `вварс чи у, уыцы адæмы æрæмбырд кæнын.