https://sputnik-ossetia.com/20251006/tsgat-irystony-minvrtt-rambyldtoy-khsz-maydany-fydybst-khakhkhndzhyty-kubok-y-35452218.html
Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æхсæз майданы "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок"-ы
Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æхсæз майданы "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок"-ы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты æхсæнрегионон ерысы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æхсæз майданы. Уый... 06.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-06T14:30+0300
2025-10-06T14:30+0300
2025-10-06T16:47+0300
ног хабӕрттӕ
спорт
цӕгат ирыстон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/06/35446444_0:173:1280:893_1920x0_80_0_0_a842abbff6d31e459a6a78380907fa40.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты æхсæнрегионон ерысы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æхсæз майданы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы разамонæг Сергей Меняйло. "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок" цыдис Налцыччы 3-6 октябрмæ.Стъолыл хъазгæ теннисæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Валерий Васильев. Николай Иванеев спорты ацы хуызæй райста æвзист хорзæх. Кард æппарынæй дыккаг бынат бацахста Дудайты Марат, Хъалæгаты Таймуразæн та æвзист майдан саккаг кодтой нæмыг æхсынæй.Хорз æнтыст уыд ноджы иу нæмыгæхсæг – Цхуырбаты Зауырбегæн. Рамбылдта бронзæ хорзæх. Пауэрлифтингæй та æртыккаг бынат бацахста Годжыцаты Сослан.Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, лæппутæ сæ уды хъару равдыстой тохы быдыры, ныр та уæлахиз кæнынц спорты дæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/06/35446444_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_0850bfeac895303ae366b2cf818a33df.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, спорт, цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ, спорт, цӕгат ирыстон
Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æхсæз майданы "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок"-ы
14:30 06.10.2025 (Ранӕуӕггонд: 16:47 06.10.2025) ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты æхсæнрегионон ерысы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой æхсæз майданы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы разамонæг Сергей Меняйло. "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты Кубок" цыдис Налцыччы 3-6 октябрмæ.
Стъолыл хъазгæ теннисæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Валерий Васильев. Николай Иванеев спорты ацы хуызæй райста æвзист хорзæх. Кард æппарынæй дыккаг бынат бацахста Дудайты Марат, Хъалæгаты Таймуразæн та æвзист майдан саккаг кодтой нæмыг æхсынæй.
Хорз æнтыст уыд ноджы иу нæмыгæхсæг – Цхуырбаты Зауырбегæн. Рамбылдта бронзæ хорзæх. Пауэрлифтингæй та æртыккаг бынат бацахста Годжыцаты Сослан.
Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, лæппутæ сæ уды хъару равдыстой тохы быдыры, ныр та уæлахиз кæнынц спорты дæр.