https://sputnik-ossetia.com/20251009/khipu-raydaydzn-tstt-knyn-bukhgaltert-m-auditorty-35498476.html
ХИПУ райдайдзæн цæттæ кæнын бухгалтертæ æмæ аудиторты
ХИПУ райдайдзæн цæттæ кæнын бухгалтертæ æмæ аудиторты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фехъусын кодтой, кæй райдыдтой исын абитуриентты... 09.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-09T15:30+0300
2025-10-09T15:30+0300
2025-10-09T15:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хипу
ахуырад
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/878/48/8784805_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_0bf4128c6475047a1ac1c56699a9d12f.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фехъусын кодтой, кæй райдыдтой исын абитуриентты "Бухгалтерский учет, анализ и аудит" дæсниадмæ. Ахуыр цæудзæн уæлдæр ахуырады бындурыл фæсаууонмæ формæйы.ХИПУ-йы проректор ахуыры æмæ зонадон архайды фæдыл Гобозты Станислав радзырдта, ацы дæсниадмæ ногæй райдыдтой исын, уымæн æмæ йæ æрцагуырдтой куыд паддзахадон структурæтæ, афтæ республикæйы цæрджытæ дæр.Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы дæсниадмæ бацæуыны фæдыл куырдиæттæ исдзысты 1-æм октябрæй 26-æм декабры онг.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/878/48/8784805_340:0:3071:2048_1920x0_80_0_0_ab15a9ee22e608835eafdbb4f470d803.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хипу, ахуырад, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хипу, ахуырад, экономикӕ
ХИПУ райдайдзæн цæттæ кæнын бухгалтертæ æмæ аудиторты
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фехъусын кодтой, кæй райдыдтой исын абитуриентты "Бухгалтерский учет, анализ и аудит" дæсниадмæ. Ахуыр цæудзæн уæлдæр ахуырады бындурыл фæсаууонмæ формæйы.
ХИПУ-йы проректор ахуыры æмæ зонадон архайды фæдыл Гобозты Станислав радзырдта, ацы дæсниадмæ ногæй райдыдтой исын, уымæн æмæ йæ æрцагуырдтой куыд паддзахадон структурæтæ, афтæ республикæйы цæрджытæ дæр.
"Ног дæсниад нæу. Дыууын фыццæгæм æнусы райдианы махмæ уыд дæсниад "Бухгалтерский учет, анализ и аудит". Фæстæдæр æй сæхгæдтой æмæ бакодтой "Экономика и управление на предприятии". Ныр та цæрджыты куырдиат æмæ хицауады рекомендацитæм гæсгæ мах аскъуыддзаг кодтам сног кæнын бухгалтерты цæттæкæнынад", - загъта Гобозты Станислав.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы дæсниадмæ бацæуыны фæдыл куырдиæттæ исдзысты 1-æм октябрæй 26-æм декабры онг.