https://sputnik-ossetia.com/20251009/tadzhikistany-atsyd-putin-m-alievy-fembld-35498814.html
Таджикистаны ацыд Путин æмæ Алиевы фембæлд
Таджикистаны ацыд Путин æмæ Алиевы фембæлд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин фембæлд Азербайджаны сæргълæууæг Ильхам Алиевимæ Таджикистаны столицæ Душанбейы, хъусын кæны РИА... 09.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-09T16:19+0300
2025-10-09T16:19+0300
2025-10-09T16:19+0300
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
владимир путин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/13/30152518_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_85d32fa308f9d35bb0b47a5de3e17eb3.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин фембæлд Азербайджаны сæргълæууæг Ильхам Алиевимæ Таджикистаны столицæ Душанбейы, хъусын кæны РИА Новости.Владимир Путин ис Таджикистаны кусæгон балцы.Уæрæсейаг лидер банхъардта йæ азербайджанаг коллегæйæн фембæлды райдианы æрныхас кæнын авиакомпани AZAL-ы хæдтæхæджы авиакатастрофæйыл. Путин зæрдыл æрбалæууын кодта Алиевæн, кæй ракуырдта хатыр Уæрæсейы сæрмæ арвыл æрцæугæ трагедийы тыххæй æмæ тæфæрфæс ракодта амæттæгты хиуæттæн.Владимир Путин бахахх кодта, Уæрæсе алыварсон æххуыс кæй кæны авиакатастрофæйы фæдыл фæдысгæрстæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, трагедийы аххосæгтæй иу у уый, æмæ уыцы рæстæджы уæлдæфы уыдысты украинæйаг дронтæ. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзты дыууæ ракетæ комкоммæ нæ сæмбылдысты хæдтæхæгыл, фæлæ срæмыгътой цалдæр метры фалдæр.Авиакомпани AZAL-ы хæдтæхæг, кæцы тахт Бакуйæ Грозныймæ, 2024 азы 25 декабры æрхаудта Казахстаны горæт Актауы цур.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/08/13/30152518_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_658c4d30580811a7abf772fc05e9b101.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, владимир путин
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, владимир путин
Таджикистаны ацыд Путин æмæ Алиевы фембæлд
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин фембæлд Азербайджаны сæргълæууæг Ильхам Алиевимæ Таджикистаны столицæ Душанбейы, хъусын кæны
РИА Новости. Владимир Путин ис Таджикистаны кусæгон балцы.
Уæрæсейаг лидер банхъардта йæ азербайджанаг коллегæйæн фембæлды райдианы æрныхас кæнын авиакомпани AZAL-ы хæдтæхæджы авиакатастрофæйыл. Путин зæрдыл æрбалæууын кодта Алиевæн, кæй ракуырдта хатыр Уæрæсейы сæрмæ арвыл æрцæугæ трагедийы тыххæй æмæ тæфæрфæс ракодта амæттæгты хиуæттæн.
Владимир Путин бахахх кодта, Уæрæсе алыварсон æххуыс кæй кæны авиакатастрофæйы фæдыл фæдысгæрстæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, трагедийы аххосæгтæй иу у уый, æмæ уыцы рæстæджы уæлдæфы уыдысты украинæйаг дронтæ. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзты дыууæ ракетæ комкоммæ нæ сæмбылдысты хæдтæхæгыл, фæлæ срæмыгътой цалдæр метры фалдæр.
"Уæрæсейаг фарс алцыдæр сараздзæн компенсациты фæдыл", - загъта Путин.
Авиакомпани AZAL-ы хæдтæхæг, кæцы тахт Бакуйæ Грозныймæ, 2024 азы 25 декабры æрхаудта Казахстаны горæт Актауы цур.