https://sputnik-ossetia.com/20251016/rkhi-bankardtoy-savaryn-tsyrt-soveton-tsadisy-khaytar-tsotsity-vasiliyan-muzey-sarazyny-basty-35597952.html
РХИ банкъардтой сӕвӕрын цырт Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийӕн музей саразыны бӕсты
РХИ банкъардтой сӕвӕрын цырт Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийӕн музей саразыны бӕсты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийы райгуырӕн хъӕу – Ортъеуы – банкъардтой сӕвӕрын йӕ цырт. Уый тыххӕй фехъусын... 16.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-16T10:05+0300
2025-10-16T10:05+0300
2025-10-16T11:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвалы район
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/05/01/12174160_0:181:3072:1909_1920x0_80_0_0_5ee24f18a72853449270db50cf0c6ba1.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийы райгуырӕн хъӕу – Ортъеуы – банкъардтой сӕвӕрын йӕ цырт. Уый тыххӕй фехъусын кодта Цхинвалы районы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал.Районы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый размӕ Уӕрӕсейы президентон грантты Фонд ӕмӕ хӕрзаудӕн фонд "Память поколений"-ы ӕххуысӕй фӕнд кодтой саразын музей хъайтары хӕдзары.Бӕззаты Инал бахахх кодта, специалистты басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Цоциты Василийы хӕдзар нал ис гӕнӕн сцалцӕг кӕнын.Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цыртыты цалцӕг цӕуы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины сӕрмагонд программӕйы руаджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/05/01/12174160_154:0:2883:2047_1920x0_80_0_0_66cde788deccc1242379f203b08007ed.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы район, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы район, стыр фыдыбæстон хæст
РХИ банкъардтой сӕвӕрын цырт Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийӕн музей саразыны бӕсты
10:05 16.10.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:25 16.10.2025) ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийы райгуырӕн хъӕу – Ортъеуы – банкъардтой сӕвӕрын йӕ цырт. Уый тыххӕй фехъусын кодта Цхинвалы районы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал.
Районы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый размӕ Уӕрӕсейы президентон грантты Фонд ӕмӕ хӕрзаудӕн фонд "Память поколений"-ы ӕххуысӕй фӕнд кодтой саразын музей хъайтары хӕдзары.
Бӕззаты Инал бахахх кодта, специалистты басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Цоциты Василийы хӕдзар нал ис гӕнӕн сцалцӕг кӕнын.
"Мах банкъардтам фӕрӕзтӕ аздахын Советон Цӕдисы Хъайтары цырт сӕврынмӕ йӕ райгуырӕн хъӕуы. Кӕд нын нӕ хъуыды хорзыл банымайой, уӕд проект реализаци скӕндзыстӕм. Кӕннод мах фӕстӕмӕ ратдзыстӕм финансон фӕрӕзтӕ фондӕн", - загъта районы сӕргълӕууӕг.
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цыртыты цалцӕг цӕуы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины сӕрмагонд программӕйы руаджы.