https://sputnik-ossetia.com/20251022/tskhinvaly-bakodtoy-nog-sabidon-balon-35703210.html
Цхинвалы бакодтой ног сабидон "Бӕлон"
Цхинвалы бакодтой ног сабидон "Бӕлон"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цытджын уавӕры бакодтой сабидон "Бӕлон". Церемонийы хайад райстой республикӕйы президент... 22.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-22T13:17+0300
2025-10-22T13:17+0300
2025-10-22T15:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
гаглойты алан
цхинвал
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/16/35711835_0:87:3071:1814_1920x0_80_0_0_8e322d4197d4a016e5859368a5fb80e2.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цытджын уавӕры бакодтой сабидон "Бӕлон". Церемонийы хайад райстой республикӕйы президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан, ахуырады министр Лолаты Аслан ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.Гаглойты Алан банысан кодта, сабидоны баконд кӕй у ахсджиаг цау ӕрмӕст микрорайоны цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт республикӕйӕн.Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов йӕ раныхасы бузныг загъта аразджытӕн ӕмӕ бахахх кодта, ацы сабидон хъӕй схъомыл кӕндзӕн бирӕ фӕлтӕртӕ.Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Лолаты Жанна фехъусын кодта, сабидон йӕ куыст кӕй райдайдзӕн 1 ноябры.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/16/35711835_340:0:3071:2048_1920x0_80_0_0_0455130c41f2b84b004c448153115576.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, гаглойты алан, цхинвал, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, гаглойты алан, цхинвал, уӕрӕсейы
Цхинвалы бакодтой ног сабидон "Бӕлон"
13:17 22.10.2025 (Ранӕуӕггонд: 15:33 22.10.2025) ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цытджын уавӕры бакодтой сабидон "Бӕлон". Церемонийы хайад райстой республикӕйы президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан, ахуырады министр Лолаты Аслан ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
Гаглойты Алан банысан кодта, сабидоны баконд кӕй у ахсджиаг цау ӕрмӕст микрорайоны цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт республикӕйӕн.
"Абон стыр бӕрӕгбон у нӕ кӕстӕртӕн. Районӕн сарӕзтой диссаджы объект. Стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгадӕн, уыдон ӕххуысы руаджы арӕзт ӕрцыд ацы сабидон. Мах хъуыды кӕнӕм, иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджы Уӕрӕсе кӕй уыд нӕ фарсмӕ, ӕмӕ ныр та ирон хӕстонтӕ намысджынӕй хъахъхъӕнынц Уӕрӕсейы интерестӕ", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов йӕ раныхасы бузныг загъта аразджытӕн ӕмӕ бахахх кодта, ацы сабидон хъӕй схъомыл кӕндзӕн бирӕ фӕлтӕртӕ.
Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Лолаты Жанна фехъусын кодта, сабидон йӕ куыст кӕй райдайдзӕн 1 ноябры.