https://sputnik-ossetia.com/20251028/dzagiaty-soslan-rambyldta-bronza-maydan-duneyy-chempionaty-35789779.html
Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта бронзӕ майдан дунейы чемпионаты
Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта бронзӕ майдан дунейы чемпионаты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Сослан. Хуссарирыстойнаг спортсмен Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта бронзӕ майдан дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 24 азы... 28.10.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-10-28T10:00+0300
2025-10-28T10:00+0300
2025-10-28T10:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/19/29206826_0:41:728:451_1920x0_80_0_0_f22788a53670df6f40253756f4e7ad43.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Сослан. Хуссарирыстойнаг спортсмен Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта бронзӕ майдан дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 24 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн.Дзӕгъиаты Сослан бацахста ӕртыккаг бынат 97 кг уӕзы категорийы.Сослан ӕрдӕгфиналмӕ фӕндагыл дыууӕ хатты рамбылдта тушейӕ – Зафар Алиевы Азербайджанӕй ӕмӕ Адам Якшикы Словакийӕ. Фӕлӕ ӕрдӕгфиналы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг хъыгагӕн фембылд Гуырдзыстоны минӕвар Мераб Сулейманишвилийӕн 16:5 хыгъдӕй.Ӕртыккаг бынатыл тохы Сослан рахызт гауызмӕ украинӕйаг спортсмен Давид Мчедлидзеимӕ ӕмӕ йӕ рамбылдта 4:2 хыгъдӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/19/29206826_37:0:693:492_1920x0_80_0_0_bc4f25d9666342cc4f034c6862aceeae.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта бронзӕ майдан дунейы чемпионаты
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Сослан. Хуссарирыстойнаг спортсмен Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта бронзӕ майдан дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 24 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн.
Дзӕгъиаты Сослан бацахста ӕртыккаг бынат 97 кг уӕзы категорийы.
Сослан ӕрдӕгфиналмӕ фӕндагыл дыууӕ хатты рамбылдта тушейӕ – Зафар Алиевы Азербайджанӕй ӕмӕ Адам Якшикы Словакийӕ. Фӕлӕ ӕрдӕгфиналы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг хъыгагӕн фембылд Гуырдзыстоны минӕвар Мераб Сулейманишвилийӕн 16:5 хыгъдӕй.
Ӕртыккаг бынатыл тохы Сослан рахызт гауызмӕ украинӕйаг спортсмен Давид Мчедлидзеимӕ ӕмӕ йӕ рамбылдта 4:2 хыгъдӕй.