https://sputnik-ossetia.com/20251105/nanity-soslan-radzyrdta-prezidentan-akhm-kabazy-kuyst-fakhuyzdar-kanyny-madzalttyl-35908118.html
Наниты Сослан радзырдта президентӕн ӔХМ къабазы куыст фӕхуыздӕр кӕныны мадзӕлттыл
Наниты Сослан радзырдта президентӕн ӔХМ къабазы куыст фӕхуыздӕр кӕныны мадзӕлттыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы радзырдта Ленингоры... 05.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-05T14:56+0300
2025-11-05T14:56+0300
2025-11-05T14:56+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
æнæниздзинад
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/1b/35777360_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_992247a085797eb6b1b2f4c2c1bf7476.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы радзырдта Ленингоры ӕмӕ Къуайсайы рынчындӕтты куысты тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Ленингоры районы рынчындонмӕ кусӕгон балцы сӕйраг хатдзӕгтӕй иу уыдзӕн сӕйраг дохтыры йӕ бынатӕй ацух кӕныны хъӕппӕрис.Министр ма радзырдта, кӕй баныхас кодтой РХИ паддзахадон ӕдасдзинады комитетимӕ, цӕмӕй иумӕ цӕст дарой хостӕ хардз кӕнын ӕмӕ пациентты хоскӕнынады гъӕдмӕ.Наниты Сослан фехъусын кодта, Къуайсайы рабадты фӕстиуӕгӕн райгондӕй кӕй баззад медицинон ӕххуысы гъӕдӕй, медицинон уагдон эффективон куыст кӕны.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуайсайы рынчындоны хъӕуы дизель-генератор ӕмӕ уӕлхӕдзар тагъд ӕххуысы хӕдтулгӕтӕн.Ацы фарстытӕ аскъуыддзаг кӕныныл ныридӕгӕн куыст цӕуы: дизель-генератор ратдзысты рынчындонӕн ацы къуыри, уӕлхӕдзары фарст дӕр тагъд рӕстӕджы алыг кӕндзысты, бафтыдта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/1b/35777360_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_3473b408b6d8ab70d4fb8b23bb3e966a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, æнæниздзинад, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, æнæниздзинад, гаглойты алан
Наниты Сослан радзырдта президентӕн ӔХМ къабазы куыст фӕхуыздӕр кӕныны мадзӕлттыл
ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы радзырдта Ленингоры ӕмӕ Къуайсайы рынчындӕтты куысты тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Ленингоры районы рынчындонмӕ кусӕгон балцы сӕйраг хатдзӕгтӕй иу уыдзӕн сӕйраг дохтыры йӕ бынатӕй ацух кӕныны хъӕппӕрис.
"Уый фӕдыл ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ссардзӕн иууыл хуыздӕр кандидатурӕ ӕмӕ Дын ӕй бавдисдзыстӕм", - банысан кодта Наниты Сослан.
Министр ма радзырдта, кӕй баныхас кодтой РХИ паддзахадон ӕдасдзинады комитетимӕ, цӕмӕй иумӕ цӕст дарой хостӕ хардз кӕнын ӕмӕ пациентты хоскӕнынады гъӕдмӕ.
Наниты Сослан фехъусын кодта, Къуайсайы рабадты фӕстиуӕгӕн райгондӕй кӕй баззад медицинон ӕххуысы гъӕдӕй, медицинон уагдон эффективон куыст кӕны.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуайсайы рынчындоны хъӕуы дизель-генератор ӕмӕ уӕлхӕдзар тагъд ӕххуысы хӕдтулгӕтӕн.
Ацы фарстытӕ аскъуыддзаг кӕныныл ныридӕгӕн куыст цӕуы: дизель-генератор ратдзысты рынчындонӕн ацы къуыри, уӕлхӕдзары фарст дӕр тагъд рӕстӕджы алыг кӕндзысты, бафтыдта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр.