https://sputnik-ossetia.com/20251106/rkhi-ama-uf-parlamentarita-ardzurdzysty-integratsi-sotsialon-akhkhuys-ama-andar-farstytyl-35932594.html
РХИ ӕмӕ УФ парламентаритӕ ӕрдзурдзысты интеграци, социалон ӕххуыс ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл
РХИ ӕмӕ УФ парламентаритӕ ӕрдзурдзысты интеграци, социалон ӕххуыс ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт ацӕудзӕн ноябры Черкесскы, фехъусын кодтой... 06.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-06T15:45+0300
2025-11-06T15:45+0300
2025-11-06T15:45+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/0e/17129604_527:779:2781:2047_1920x0_80_0_0_546269991db8eb1c6b83c56155fccf1e.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт ацӕудзӕн ноябры Черкесскы, фехъусын кодтой РХИ парламенты. Фембӕлды боны фӕткы ис 11 фарсты, сӕ нымӕцы УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн интеграцийы фӕдыл бадзырды реализаци, социалон къабазы фарстытӕ ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы Хуссар Ирыстонӕй ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон агуырдӕн ӕххуыс.Хуссар Ирыстоны парламенты делегацийы сӕргъ лӕудзӕн къамисы ӕмсӕрдар хуссарирыстойнаг фарсӕй Дриаты Заза. Делегацийы сконды уыдзысты хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Гӕджиты Сослан, экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕуууон хӕдзарады комитеты сӕргълӕууӕг Къуезерты Арсен, социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады комитеты сӕрдар Плиты Александр ӕмӕ бюджет ӕмӕ хъалонты комитеты сӕргълӕууӕг Томайты Спартак.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/0e/17129604_570:600:2499:2047_1920x0_80_0_0_3d6ea134bfdc414f803296083a188331.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, парламент
РХИ ӕмӕ УФ парламентаритӕ ӕрдзурдзысты интеграци, социалон ӕххуыс ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл
ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт ацӕудзӕн ноябры Черкесскы, фехъусын кодтой РХИ парламенты. Фембӕлды боны фӕткы ис 11 фарсты, сӕ нымӕцы УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн интеграцийы фӕдыл бадзырды реализаци, социалон къабазы фарстытӕ ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы Хуссар Ирыстонӕй ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон агуырдӕн ӕххуыс.
Хуссар Ирыстоны парламенты делегацийы сӕргъ лӕудзӕн къамисы ӕмсӕрдар хуссарирыстойнаг фарсӕй Дриаты Заза. Делегацийы сконды уыдзысты хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Гӕджиты Сослан, экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕуууон хӕдзарады комитеты сӕргълӕууӕг Къуезерты Арсен, социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады комитеты сӕрдар Плиты Александр ӕмӕ бюджет ӕмӕ хъалонты комитеты сӕргълӕууӕг Томайты Спартак.