https://sputnik-ossetia.com/20251107/khussar-irystony-paddzakhadon-universitety-arzt-rtsyd-it-inkubator-35944726.html
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд IT-инкубатор
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд IT-инкубатор
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Республикæйы информацион технологиты къабазы специалисттæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ "Академия", зæгъгæ, ахæм агентад... 07.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-07T12:40+0300
2025-11-07T12:40+0300
2025-11-07T12:40+0300
хуссар ирыстоны
хипу
ног хабӕрттӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/857/75/8577574_0:124:3192:1920_1920x0_80_0_0_d9fd08d2d762920207520b409deeff1f.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Республикæйы информацион технологиты къабазы специалисттæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ "Академия", зæгъгæ, ахæм агентад сарæзта IT-инкубатор. Уый руаджы фæсивæдæн фадат уыдзæн ацы дæсныйадыл сахуыр кæнынæн æмæ компанийы куыст ссарынæн. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта агентады саразæг æмæ сæргълæууæг Бæззаты Зураб. Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Академия" кусы Хуссар Ирыстоны национ банкæн мобилон æмхасæн саразыныл. Уый руаджы бафидæн уыдзæн коммуналон лæггæдтæ æмæ æндæр сервистæн. Кусгæ-кусын куыд сбæрæг, афтæмæй Хуссар Ирыстон у программистты æмæ IT-специалистты хъуаг. Уæд Национ банчы директор Бекъойты Сосланимæ æрцыдысты ахуырадон проект саразыны хъуыдымæ. Сæ фарс балæууыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты разамынд дæр. Студентты фыццаг фæлтæры куыст разынд æнтыстджын, уымæ гæсгæ рахызтысты дыккаг фæлтæрмæ дæр. Ныртæккæ сæм ахуыр кæны 14 адæймаджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/857/75/8577574_461:0:3192:2048_1920x0_80_0_0_2a278e2de8edee9fa090b7602d040f85.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, хипу, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, хипу, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд IT-инкубатор
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Республикæйы информацион технологиты къабазы специалисттæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ "Академия", зæгъгæ, ахæм агентад сарæзта IT-инкубатор. Уый руаджы фæсивæдæн фадат уыдзæн ацы дæсныйадыл сахуыр кæнынæн æмæ компанийы куыст ссарынæн. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта агентады саразæг æмæ сæргълæууæг Бæззаты Зураб.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Академия" кусы Хуссар Ирыстоны национ банкæн мобилон æмхасæн саразыныл. Уый руаджы бафидæн уыдзæн коммуналон лæггæдтæ æмæ æндæр сервистæн. Кусгæ-кусын куыд сбæрæг, афтæмæй Хуссар Ирыстон у программистты æмæ IT-специалистты хъуаг. Уæд Национ банчы директор Бекъойты Сосланимæ æрцыдысты ахуырадон проект саразыны хъуыдымæ. Сæ фарс балæууыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты разамынд дæр.
Студентты фыццаг фæлтæры куыст разынд æнтыстджын, уымæ гæсгæ рахызтысты дыккаг фæлтæрмæ дæр. Ныртæккæ сæм ахуыр кæны 14 адæймаджы.