https://sputnik-ossetia.com/20251112/gagloyty-alan-fekhusyn-kodta-gudzabary-khuy-ky-raydaydzysty-asfalt-vryny-kuystyt-36003988.html
Гаглойты Алан фехъусын кодта, Гудзабары хъæуы кæй райдайдзысты асфальт æвæрыны куыстытæ
Гаглойты Алан фехъусын кодта, Гудзабары хъæуы кæй райдайдзысты асфальт æвæрыны куыстытæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы сæххæст кодта инспекцион балц Цхинвалы районы Гудзабары хъæумæ... 12.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-12T12:43+0300
2025-11-12T12:43+0300
2025-11-12T12:43+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
цхинвалы район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/0b/30949095_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_b0de19f23037d1debf08b52e48fa9849.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы сæххæст кодта инспекцион балц Цхинвалы районы Гудзабары хъæумæ æмæ фехъусын кодта, хъæуы фæндæгтыл кæй сæвæрдзысты асфальт.Паддзахады сæргълæууæгимæ инспекцион балцы уыд районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал.Гаглойты Алан загъта бынæттон цæрджытæн, азы кæронмæ асфальт кæй сæвæрдзысты Сталины уынджы кæронæй Цхинвалы цады онг.Паддзахады сæргълæууæг ма дзырд радта цæрджытæн, кæй аскъуыддзаг кæндзæн Гудзабары хъæуы сывæллæтты фæзуаты арæзтад æмæ доны канал ссыгъдæг кæныны фарстытæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/0b/30949095_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_d6dae85eba7b9dfb685d188b07769ac6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, цхинвалы район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, цхинвалы район
Гаглойты Алан фехъусын кодта, Гудзабары хъæуы кæй райдайдзысты асфальт æвæрыны куыстытæ
ЦХИНВАЛ, 12 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы сæххæст кодта инспекцион балц Цхинвалы районы Гудзабары хъæумæ æмæ фехъусын кодта, хъæуы фæндæгтыл кæй сæвæрдзысты асфальт.
Паддзахады сæргълæууæгимæ инспекцион балцы уыд районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал.
Гаглойты Алан загъта бынæттон цæрджытæн, азы кæронмæ асфальт кæй сæвæрдзысты Сталины уынджы кæронæй Цхинвалы цады онг.
"Фидæн аз та асфальт уыдзæн хъæуы æндæр уынгтыл дæр", - банысан кодта президент.
Паддзахады сæргълæууæг ма дзырд радта цæрджытæн, кæй аскъуыддзаг кæндзæн Гудзабары хъæуы сывæллæтты фæзуаты арæзтад æмæ доны канал ссыгъдæг кæныны фарстытæ.