https://sputnik-ossetia.com/20251113/tskhinval-nymayy-guyrdzystonim-arny-delimitatsi-fskavkazy-dasdzinady-akhsdzhiagdr-faktoryl-36020698.html
Цхинвал нымайы Гуырдзыстонимæ арæны делимитаци Фæскавказы æдасдзинады ахсджиагдæр факторыл
Цхинвал нымайы Гуырдзыстонимæ арæны делимитаци Фæскавказы æдасдзинады ахсджиагдæр факторыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци у Фæскавказы æдасдзинады ахсджиагдæр фактор... 13.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-13T12:43+0300
2025-11-13T12:43+0300
2025-11-13T12:43+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны фхм
паддзахадон арӕн
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/803/82/8038281_0:0:3000:1688_1920x0_80_0_0_010f06fc940764f14d8e6a0f1caa3346.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци у Фæскавказы æдасдзинады ахсджиагдæр фактор, фехъусын кодтой республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Женевæйаг дискусситы 65-æм раунды фæстæ.Хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ фехъусын кодтой, регионы æдасдзинад сæххæст кæныны эффективондзинад комкоммæ баст у Гуырдзыстоны хæсистимæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма пайда кæныны фæдыл.Фембæлды рæстæджы ма æрдзырдтой гуманитарон фарстытыл дæр, фыццаджыдæр, Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй фесæфæг гоймæгты хъысмæтыл."Хуссарирыстойнаг делегаци æрсидт Гуырдзыстонмæ, цæмæй мауал къуылымпы кæна ацы фарст æмæ практикон къахдзæфтæ райдайа аразын æбæрæгæй фесæфæг гоймæгты агурыны фæдыл", - бахахх кодтой министрады.Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/803/82/8038281_127:0:2795:2001_1920x0_80_0_0_318d55d16e8393dc7061e801990be1ed.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм, паддзахадон арӕн
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм, паддзахадон арӕн
Цхинвал нымайы Гуырдзыстонимæ арæны делимитаци Фæскавказы æдасдзинады ахсджиагдæр факторыл
ЦХИНВАЛ, 13 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци у Фæскавказы æдасдзинады ахсджиагдæр фактор, фехъусын кодтой республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Женевæйаг дискусситы 65-æм раунды фæстæ.
"Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны уавæрæн саргъ кодтой, куыд стабилон, фæлæ æдасдзинады ахсджиагдæр фактор у паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци", - банысан кодтой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.
Хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ фехъусын кодтой, регионы æдасдзинад сæххæст кæныны эффективондзинад комкоммæ баст у Гуырдзыстоны хæсистимæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма пайда кæныны фæдыл.
Фембæлды рæстæджы ма æрдзырдтой гуманитарон фарстытыл дæр, фыццаджыдæр, Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй фесæфæг гоймæгты хъысмæтыл.
"Хуссарирыстойнаг делегаци æрсидт Гуырдзыстонмæ, цæмæй мауал къуылымпы кæна ацы фарст æмæ практикон къахдзæфтæ райдайа аразын æбæрæгæй фесæфæг гоймæгты агурыны фæдыл", - бахахх кодтой министрады.
Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ.