Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 65 украинӕйаг дроны

© Sputnik / РИА Новости
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 65 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 65 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 18 – Воронежы областы, 16 – Рязаны областы, 14 дроны ӕрыппӕрстой Белгороды областы, авд – Тулайы областы, цыппар – Брянскы областы, ӕртӕ дроны скуынӕг кодтой Липецкы областы, дыууӕ – Тамбовы ӕмӕ иу та Хъырымы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
