https://sputnik-ossetia.com/20251121/gagloyty-alan-m-mikhail-murashko-rdzyrdtoy-rkhi-nnizdzinad-khakhkhnynady-kabazy-rztyl-36139954.html
Гаглойты Алан æмæ Михаил Мурашко æрдзырдтой РХИ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рæзтыл
Гаглойты Алан æмæ Михаил Мурашко æрдзырдтой РХИ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рæзтыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ УФ æнæниздзинад хъахъхъæнынады... 21.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-21T16:21+0300
2025-11-21T16:21+0300
2025-11-21T16:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
æнæниздзинад
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0b/15/36139038_0:67:1280:787_1920x0_80_0_0_d4063020549546bb5a2f78d8579a858c.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ УФ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Мурашкойы фембæлд.РХИ президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фембæлды рæстæджы фарсытæ æрдзырдтой æмгуыстадыл æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазыл æмæ баныхас кодтой ауадзын къорд кусæгон рабадты, цæмæй бакусой конкретон къахдзæфтыл бадзырдты реализацийы фæдыл.Гаглойты Алан бузныг загъта Уæрæсейы президент Владимир Путинæн йæ фондæй æхцайы фæрæзтæ кæй рахицæн кодта æнæмæнгхъæугæ медицинон ифтонггарз балхæнынæн, уый тыххæй. Афтæ ма РХИ сæргълæууæг бузныг загъта Уæрæсейы президенты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Мурашкойæн алыварсон æххуысы тыххæй.Михаил Мурашко бахахх кодта, Уæрæсе цæттæ кæй у дарддæр размæ кæнын æмгуыстад æмæ æххуыс кæнын медицинон проектты реализацийæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0b/15/36139038_72:0:1209:853_1920x0_80_0_0_306385f215e8a4ce407ded05c8f29bad.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, æнæниздзинад, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, æнæниздзинад, гаглойты алан
Гаглойты Алан æмæ Михаил Мурашко æрдзырдтой РХИ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рæзтыл
ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ УФ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Мурашкойы фембæлд.
РХИ президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фембæлды рæстæджы фарсытæ æрдзырдтой æмгуыстадыл æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазыл æмæ баныхас кодтой ауадзын къорд кусæгон рабадты, цæмæй бакусой конкретон къахдзæфтыл бадзырдты реализацийы фæдыл.
Гаглойты Алан бузныг загъта Уæрæсейы президент Владимир Путинæн йæ фондæй æхцайы фæрæзтæ кæй рахицæн кодта æнæмæнгхъæугæ медицинон ифтонггарз балхæнынæн, уый тыххæй. Афтæ ма РХИ сæргълæууæг бузныг загъта Уæрæсейы президенты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Мурашкойæн алыварсон æххуысы тыххæй.
Михаил Мурашко бахахх кодта, Уæрæсе цæттæ кæй у дарддæр размæ кæнын æмгуыстад æмæ æххуыс кæнын медицинон проектты реализацийæн.