https://sputnik-ossetia.com/20251126/federatsiyy-sovet-sfidar-kodta-rkhi-badzyrdm-protokol-benzin-n-khalonty-lasyny-fdyl-36201537.html
Федерацийы Совет сфидар кодта РХИ бадзырдмæ протокол бензин æнæ хъалонтæй ласыны фæдыл
Федерацийы Совет сфидар кодта РХИ бадзырдмæ протокол бензин æнæ хъалонтæй ласыны фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Совет æртыццæджы рабадтыл хорзыл банымадта протоколы ратификаци, уымæ гæсгæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц Хуссар... 26.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-26T11:10+0300
2025-11-26T11:10+0300
2025-11-26T11:10+0300
хуссар ирыстоны
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/06/05/29317633_0:195:2948:1853_1920x0_80_0_0_69c4c979a3bf6c5ad7cd02303aea44c5.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Совет æртыццæджы рабадтыл хорзыл банымадта протоколы ратификаци, уымæ гæсгæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц Хуссар Ирыстонимæ æхсæнхицауадон бадзырдмæ Уæрæсейæ республикæмæ бензин æнæ хъалонтæй ласыны фæдыл.УФ æмæ РХИ хицауадты æхсæн протокол бафыстой Санкт-Петербурджы 2025 азы 19 июны.Протокол йæ тыхы хизы йæ фарсытæ æнæмæнгхъæугæ процедурæтæ саразыны фæдыл куырдиæттæ куы бадæттой, уыцы датæйæ. Йæ тых парахат кæны барадон ахастытыл, кæцытæ фæзындысты 2023 азы 19 октябрæй.Протоколы уагæвæрдтæ рæстæгмæ архайынц 2025 азы 30 июнæй. Уый бахъуыд, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ бензины æрбаласт æркæной юридикон нормæтæм.Хуссар Ирыстон Уæрæсемæ куы бахатыд, уый фæстæ 2023 азы 19 октябрæй бензин хаст æрцыд республикæмæ æнæхъалонон базайрæгты æрбаласты номхыгъдмæ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/06/05/29317633_109:0:2840:2048_1920x0_80_0_0_ef3d185baf7e997e224e93375f66761d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ
Федерацийы Совет сфидар кодта РХИ бадзырдмæ протокол бензин æнæ хъалонтæй ласыны фæдыл
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Совет æртыццæджы рабадтыл хорзыл банымадта протоколы ратификаци, уымæ гæсгæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц Хуссар Ирыстонимæ æхсæнхицауадон бадзырдмæ Уæрæсейæ республикæмæ бензин æнæ хъалонтæй ласыны фæдыл.
УФ æмæ РХИ хицауадты æхсæн протокол бафыстой Санкт-Петербурджы 2025 азы 19 июны.
Протокол йæ тыхы хизы йæ фарсытæ æнæмæнгхъæугæ процедурæтæ саразыны фæдыл куырдиæттæ куы бадæттой, уыцы датæйæ. Йæ тых парахат кæны барадон ахастытыл, кæцытæ фæзындысты 2023 азы 19 октябрæй.
Протоколы уагæвæрдтæ рæстæгмæ архайынц 2025 азы 30 июнæй. Уый бахъуыд, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ бензины æрбаласт æркæной юридикон нормæтæм.
Хуссар Ирыстон Уæрæсемæ куы бахатыд, уый фæстæ 2023 азы 19 октябрæй бензин хаст æрцыд республикæмæ æнæхъалонон базайрæгты æрбаласты номхыгъдмæ.