https://sputnik-ossetia.com/20251126/gagloyty-alan-bakhs-kodta-raysyn-madzltt-khussar-iry-agraritn-khkhuysn-36207378.html
Гаглойты Алан бахæс кодта райсын мадзæлттæ Хуссар Иры аграритæн æххуысæн
Гаглойты Алан бахæс кодта райсын мадзæлттæ Хуссар Иры аграритæн æххуысæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд хъæууон хæдзарады министр Мамыттаты Вахтангимæ. Фембæлды сæйраг темæ... 26.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-26T15:20+0300
2025-11-26T15:20+0300
2025-11-26T16:23+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хъӕууон хӕдзарад
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0b/1a/36205603_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_b61d037bdce3bb895f9ad3e733813e90.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд хъæууон хæдзарады министр Мамыттаты Вахтангимæ. Фембæлды сæйраг темæ уыд республикæйы агросæудæджерадон комплексы райрæзт.Министр радзырдта паддзахады сæргълæууæгæн тыллæг æфснайыны кампанийы тыххæй. Афтæ ма министр бузныг загъта президентæн сæ техникон парк ранæуæг кæнынæн сын кæй баххуыс кодта, уый фæдыл.Фембæлды рæстæджы ма фехъусын кодтой, фермертæн кæй ис проблемæ минералон хъацæнтимæ.Гаглойты Алан бахæс кодта хъæууон хæдзарады министрадæн, цæмæй фидæн азæй райдайой исын цæрджытæй куырдиæттæ минералон хъацæнтæ балхæныны фæдыл. Республикæмæ хъацæнтæ æрласыны хæрдзтæ йæхимæ райста паддзахад, уый та фæкъаддæр кæндзæн финансон уаргъ фермертыл.Афтæ ма хъæууон хæдзарады министрады куысты нывæстмæ 2026 азы бахæсдзысты комплексон мадзæлттæ, цæмæй тыллæгыл зиан ма æрцæуа.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0b/1a/36205603_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_356cc77f8caab0831230822229e9dcaf.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъӕууон хӕдзарад, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъӕууон хӕдзарад, гаглойты алан
Гаглойты Алан бахæс кодта райсын мадзæлттæ Хуссар Иры аграритæн æххуысæн
15:20 26.11.2025 (Ранӕуӕггонд: 16:23 26.11.2025) ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд хъæууон хæдзарады министр Мамыттаты Вахтангимæ. Фембæлды сæйраг темæ уыд республикæйы агросæудæджерадон комплексы райрæзт.
Министр радзырдта паддзахады сæргълæууæгæн тыллæг æфснайыны кампанийы тыххæй. Афтæ ма министр бузныг загъта президентæн сæ техникон парк ранæуæг кæнынæн сын кæй баххуыс кодта, уый фæдыл.
Фембæлды рæстæджы ма фехъусын кодтой, фермертæн кæй ис проблемæ минералон хъацæнтимæ.
Гаглойты Алан бахæс кодта хъæууон хæдзарады министрадæн, цæмæй фидæн азæй райдайой исын цæрджытæй куырдиæттæ минералон хъацæнтæ балхæныны фæдыл. Республикæмæ хъацæнтæ æрласыны хæрдзтæ йæхимæ райста паддзахад, уый та фæкъаддæр кæндзæн финансон уаргъ фермертыл.
Афтæ ма хъæууон хæдзарады министрады куысты нывæстмæ 2026 азы бахæсдзысты комплексон мадзæлттæ, цæмæй тыллæгыл зиан ма æрцæуа.