https://sputnik-ossetia.com/20251128/tskhinvaly-bakodtoy-styr-fydybstyon-khsty-khaytar-kobylty-sergey-tsyrt-36243822.html
Цхинвалы бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар Кобылты Сергей цырт
Цхинвалы бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар Кобылты Сергей цырт
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы майрæмбны бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар Кобылты Сергейы ранæуæггонд цырт. Бæрæгбонон... 28.11.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-11-28T12:10+0300
2025-11-28T12:10+0300
2025-11-28T14:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр фыдыбæстон хæст
гаглойты алан
владимир путин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0b/1c/36244579_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_6b37fcd5051b6530fe1ffafac9a9d833.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы майрæмбны бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар Кобылты Сергейы ранæуæггонд цырт. Бæрæгбонон церемонийы хайад райстой президент Гаглойты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, парламенты спикер Мæргъиты Алан, Уæрæсейы минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Хуссар Ирыстоны Денис Федоров, афтæ ма æндæр официалон гоймæгтæ æмæ уазджытæ.Афтæ ма президент бузныг загъта Владимир Путинæн цыртдзæвæнтæ цалцæг кæныны программæимæ кæй æххуыс кæны, уый фæдыл.Йæ раныхасы Денис Федоров банысан кодта, ахсджиаг кæй у ма рох кæнын хъайтарты æмæ адæттын сæ сгуыхтдзинæдты тыххæй зонындзинæдтæ фидæны фæлтæртæн. Дипломат бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кæй у иттæг хорз дæнцæг ацы хъуыддаджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0b/1c/36244579_267:0:2998:2048_1920x0_80_0_0_2f81de328e9ffa25084de101ec2b8a20.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст, гаглойты алан, владимир путин
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст, гаглойты алан, владимир путин
Цхинвалы бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар Кобылты Сергей цырт
12:10 28.11.2025 (Ранӕуӕггонд: 14:20 28.11.2025) ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы майрæмбны бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтар Кобылты Сергейы ранæуæггонд цырт. Бæрæгбонон церемонийы хайад райстой президент Гаглойты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, парламенты спикер Мæргъиты Алан, Уæрæсейы минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Хуссар Ирыстоны Денис Федоров, афтæ ма æндæр официалон гоймæгтæ æмæ уазджытæ.
"Алкæцы скъолайæн дæр ахæм кад нæ вæййы, цæмæй хæсса хъайтары ном. Уе скъола та хæссы æцæг номдзыд адæймаджы ном – æмæ уымæй хъуамæ уат сæрыстыр. Уадз æмæ фидæны фæлтæртæ дарддæр кæной йе стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ аразой ирд фидæн", - загъта президент Гаглойты Алан.
Афтæ ма президент бузныг загъта Владимир Путинæн цыртдзæвæнтæ цалцæг кæныны программæимæ кæй æххуыс кæны, уый фæдыл.
Йæ раныхасы Денис Федоров банысан кодта, ахсджиаг кæй у ма рох кæнын хъайтарты æмæ адæттын сæ сгуыхтдзинæдты тыххæй зонындзинæдтæ фидæны фæлтæртæн. Дипломат бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кæй у иттæг хорз дæнцæг ацы хъуыддаджы.