00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
О главном на Спутнике
12:56
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
В центре событий
17:33
26 Мин
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
09:17
10 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
О главном на Спутнике
Итоги визита Владимира Путина в Ашхабад
12:47
11 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Гаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ

© Sputnik / Элина ГабараеваГаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ
Гаглойты Алан фембӕлд Росдетцентр-ы директор Александр Кудряшовимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ, кӕцы ӕрцыд республикӕмӕ кусӕгон балцы. Фембӕлды ма хайад райстой Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ республикӕйы ахуырады министр Лолаты Аслан.
"Цыбыр ӕмгъуыдмӕ сымах скусын кодтад конкурс "Навигаторы детства". Ӕмӕ абон, дыууӕ-ӕртӕ мӕйы фӕстӕ, мах цӕттӕ стӕм проекты реализацимӕ бавналынмӕ. Нӕ кандидаттӕ рацыдысты ахуыр "Артек"-ы. Фӕнды мӕ бузныджы ныхӕстӕ зӕгъын дӕуӕн ӕмӕ дӕ коллегӕтӕн, кӕцытӕ куыстой нӕ делегациимӕ. Афтӕ ма мӕ бузныг фӕнды зӕгъы Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путинӕн ацы проект Хуссар Ирыстоны реализаци кӕй цӕуы, уый фӕдыл", - загъта президент Гаглойты Алан.
© Sputnik / Элина ГабараеваГаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ
Встреча президента РЮО Алана Гаглоева с директором Росдетцентра Александром Кудряшовым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2025
Гаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ
Афтӕ ма президент фехъусын кодта, республикӕйы ахуырады министрад ныридӕгӕн кӕй архайы кандидатты куысты бынӕттыл ӕмӕ ног азӕй та скусдзӕн хъомыладон куысты фӕдыл уынаффӕгӕнӕджы институт.
Александр Кудряшов бахахх кодта, проектӕн финанстӕ кӕй рахицӕн кодтой Уӕрӕсейы президенты фӕсауӕрцон фондӕй.
"Конкурсмӕ ӕрбацыд 81 кандидатурӕйы, уый та дзуры ууыл ӕмӕ педагогон ӕхсӕнады цымыдис кӕны ацы проект. Конкурсон фӕлварӕнтӕ рацыдысты 71 адӕймаджы. Уӕрӕсейы уынаффӕгӕнджыты институт кусы 2021 азӕй ӕмӕ абон боны онг равдыста хорз хатдзӕгтӕ: размӕ цӕуы хъомыладон къабаз, арӕзт цӕуынц скъолайон театртӕ, спортивон ӕмӕ ӕфсӕддон-патриотикон клубтӕ", - банысан кодта Кудряшов.
Фембӕлды кӕрон Хуссар Ирыстоны президенты барамындӕй Александр Кудряшовы схорзӕхджын кодтой майданӕй "В ознаменование 35-летия Республики Южная Осетия".
© Sputnik / Элина ГабараеваГаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ
Встреча президента РЮО Алана Гаглоева с директором Росдетцентра Александром Кудряшовым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2025
Гаглойты Алан фембӕлд "Росдетцентр"-ы директор Александр Кудряшовимӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0