https://sputnik-ossetia.com/20251210/khussar-iry-parlament-khayad-raysta-uf-ama-belarusiyy-tsadisy-parlamenty-ambyrdy-sessiyy-36429911.html
Хуссар Иры парламент хайад райста УФ ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы парламенты ӕмбырды сессийы
Хуссар Иры парламент хайад райста УФ ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы парламенты ӕмбырды сессийы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци спикер Мӕргъиты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы парламентон ӕмбырды... 10.12.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-12-10T10:40+0300
2025-12-10T10:40+0300
2025-12-10T11:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0c/0a/36427846_0:68:1024:644_1920x0_80_0_0_25880f29a10c4d5abf518be31f91475c.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци спикер Мӕргъиты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы парламентон ӕмбырды 69-ӕм сессийы рабадты Мӕскуыйы, хъусын кӕны закъондӕттӕг органы пресс-службӕ.Мӕргъиты Алан журналисттимӕ ныхасы бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны хайадист Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы ӕхсӕнпарламентон мадзӕлтты у егъау фӕлтӕрддзинад, кӕцы гом кӕны ног горизонттӕ ӕхсӕнпаддзахадон бастдзинӕдты райрӕзтӕн.РХИ парламенты спикер банысан кодта, ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Паддзахадон Думӕ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл, 3 декабры та ацыд иумӕйаг къамисы фыццаг рабадт.Сессийы фӕлгӕтты Мӕргъиты Алан абхазаг коллегӕ Лаша Ашубаимӕ ӕнӕформалон ӕгъдауӕй ӕрныхас кодтой Паддзахадон Думӕйы спикер Вячеслав Володинимӕ ӕмӕ Беларусийы Националон ӕмбырды минӕвӕртты палатӕйы разамонӕг Игорь Сергеенкоимӕ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0c/0a/36427846_0:0:930:697_1920x0_80_0_0_1ca87d66af1a43afacfc8f4971b0c3c6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
Хуссар Иры парламент хайад райста УФ ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы парламенты ӕмбырды сессийы
10:40 10.12.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:02 10.12.2025) ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци спикер Мӕргъиты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы парламентон ӕмбырды 69-ӕм сессийы рабадты Мӕскуыйы, хъусын кӕны закъондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Мӕргъиты Алан журналисттимӕ ныхасы бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны хайадист Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусийы Цӕдисы ӕхсӕнпарламентон мадзӕлтты у егъау фӕлтӕрддзинад, кӕцы гом кӕны ног горизонттӕ ӕхсӕнпаддзахадон бастдзинӕдты райрӕзтӕн.
РХИ парламенты спикер банысан кодта, ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Паддзахадон Думӕ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл, 3 декабры та ацыд иумӕйаг къамисы фыццаг рабадт.
Сессийы фӕлгӕтты Мӕргъиты Алан абхазаг коллегӕ Лаша Ашубаимӕ ӕнӕформалон ӕгъдауӕй ӕрныхас кодтой Паддзахадон Думӕйы спикер Вячеслав Володинимӕ ӕмӕ Беларусийы Националон ӕмбырды минӕвӕртты палатӕйы разамонӕг Игорь Сергеенкоимӕ.