https://sputnik-ossetia.com/20251222/andrey-steniny-nomyl-fotokonkurs-raydydta-mskuyyy-36642539.html
Андрей Стенины номыл фотоконкурс райдыдта Мæскуыйы
Андрей Стенины номыл фотоконкурс райдыдта Мæскуыйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Мæскуыйы райдыдта Андрей Стенины номыл дыууадæсæм Æхсæнадæмон конкурс фотожурналисттæн, хъусын кæны РИА Новости. Конкурс нывонд у... 22.12.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-12-22T15:17+0300
2025-12-22T15:17+0300
2025-12-23T11:48+0300
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/16/15020143_0:0:3175:1785_1920x0_80_0_0_ade3183c8cce73b8c5ee831af422193a.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Мæскуыйы райдыдта Андрей Стенины номыл дыууадæсæм Æхсæнадæмон конкурс фотожурналисттæн, хъусын кæны РИА Новости. Конкурс нывонд у медиакъорд "Россия сегодня"-йы фотоуацхæссæг Андрейц Стенинæн, кæцы фæмард 2014 азы Донецкы цур.Æхсæнадæмон медиакъорд "Россия сегодня"-йы генералон директор Дмитрий Кисилев фехъусын кодта, конкурсы фæлгæтты кæй райдыдтой исын куыстытæ.Фотоконкурс уагъд цæуы æхсæз номинацийы: "Мæ бæстæ", "Дунейы хуызтæ. Царды гармони", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар", "Сæйраг хабæрттæ" æмæ "Спорт", афтæ ма ног номинаци "Царды энерги". Конкурсы призон фонд у 125 мин сомы фыццаг бынатæй, 100 мин сомы дыккагæн æмæ 75 мин сомы та æртыккаг бынатæн алкæцы номинацийы дæр.Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурсы нысан у æвзонг къамисджытæн феххуыс кæнын æмæ нырыккон фотожурналистикæйы хæслæвæрдтæм æхсæнадон хъусдард аздахын.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/16/15020143_16:0:2747:2048_1920x0_80_0_0_1aec769c09306bfb76574a67de6464f7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ
Андрей Стенины номыл фотоконкурс райдыдта Мæскуыйы
15:17 22.12.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:48 23.12.2025) ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Мæскуыйы райдыдта Андрей Стенины номыл дыууадæсæм Æхсæнадæмон конкурс фотожурналисттæн, хъусын кæны РИА Новости. Конкурс нывонд у медиакъорд "Россия сегодня"-йы фотоуацхæссæг Андрейц Стенинæн, кæцы фæмард 2014 азы Донецкы цур.
Æхсæнадæмон медиакъорд "Россия сегодня"-йы генералон директор Дмитрий Кисилев фехъусын кодта, конкурсы фæлгæтты кæй райдыдтой исын куыстытæ.
"Алыхатт дæр хорз зæрдыйы уагимæ райдайæм конкурс. Ацы аз нæ хайадисджытæн балæвар кодтам сюрприз. Мах хъусын кæнæм ног номинацийы тыххæй – "Царды энерги". Уырдæм сæ куыстытæ бадæтты фадат ис 34 азæй хистæрдæр фотожуранлисттæ", - загъта Дмитрий Кисилев.
Фотоконкурс уагъд цæуы æхсæз номинацийы: "Мæ бæстæ", "Дунейы хуызтæ. Царды гармони", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар", "Сæйраг хабæрттæ" æмæ "Спорт", афтæ ма ног номинаци "Царды энерги". Конкурсы призон фонд у 125 мин сомы фыццаг бынатæй, 100 мин сомы дыккагæн æмæ 75 мин сомы та æртыккаг бынатæн алкæцы номинацийы дæр.
Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурсы нысан у æвзонг къамисджытæн феххуыс кæнын æмæ нырыккон фотожурналистикæйы хæслæвæрдтæм æхсæнадон хъусдард аздахын.