https://sputnik-ossetia.com/20260112/khussar-iry-mkhm-y-radzyrdtoy-ivguyd-kuyriyy-kriminogenon-uavary-tykhkhay-36867134.html
Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй
Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици не срегистраци кодта фыдракӕндтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ)... 12.01.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-01-12T16:24+0300
2026-01-12T16:24+0300
2026-01-12T16:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1008/26/10082647_0:225:3071:1952_1920x0_80_0_0_f3c1e49ea5d813ede9d6fe0cbb05e09f.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици не срегистраци кодта фыдракӕндтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ ӕрцахстой дыууӕ адӕймаджы ацы период.Республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕр уыд сабыр: ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 166 фӕткхалды, дыууӕ шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1008/26/10082647_149:0:2880:2048_1920x0_80_0_0_93e3b208ab27fc6e858e7b449687587b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици не срегистраци кодта фыдракӕндтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ ӕрцахстой дыууӕ адӕймаджы ацы период.
Республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕр уыд сабыр: ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 166 фӕткхалды, дыууӕ шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.