https://sputnik-ossetia.com/20260123/urse-radta-khussar-irn-fsddon-tekhnikyy-parti-37028440.html
Уæрæсе радта Хуссар Ирæн æфсæддон техникæйы парти
Уæрæсе радта Хуссар Ирæн æфсæддон техникæйы парти
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады майрæмбоны ацыд республикæйы Гарзджын тыхтæн уæрæсейаг техникæ æмæ... 23.01.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-01-23T12:41+0300
2026-01-23T12:41+0300
2026-01-23T12:42+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хъахъхъæнынады министрад
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/01/17/37023917_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_c57426b96ba9679a1ea96b692e5d96b6.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады майрæмбоны ацыд республикæйы Гарзджын тыхтæн уæрæсейаг техникæ æмæ хæцæнгарз раттыны церемони.Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкий, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов æмæ республикæйы тыхон структурæты разамонджытæ.Гаглойты Алан ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ хъахъхъæнынады министр Андрей Белоусовæн пайдаджын æмгуыстад æмæ иудадзыг æххуысы тыххæй.Афтæ ма президент бахахх кодта, дарддæр куыст кæй цæуы æфсæддонты мызд фæфылдæр кæныныл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/01/17/37023917_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_c32cfec7a984ace03a5b47bf05314add.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад, гаглойты алан
Уæрæсе радта Хуссар Ирæн æфсæддон техникæйы парти
12:41 23.01.2026 (Ранӕуӕггонд: 12:42 23.01.2026) ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады майрæмбоны ацыд республикæйы Гарзджын тыхтæн уæрæсейаг техникæ æмæ хæцæнгарз раттыны церемони.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкий, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов æмæ республикæйы тыхон структурæты разамонджытæ.
"Техникæйы цыппор иуæгæй фылдæр æмæ нырыккон хæцæнгарзы æрбаласт фæфылдæр кæндзæн националон æфсады потенциал. Гарзджын тыхты сфидар кæныны фæдыл куыст та, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр цæудзæн. Уый дзуапп дæтты нæ республикæйы стратегион интерестæн", - фехъусын кодта президент.
Гаглойты Алан ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ хъахъхъæнынады министр Андрей Белоусовæн пайдаджын æмгуыстад æмæ иудадзыг æххуысы тыххæй.
Афтæ ма президент бахахх кодта, дарддæр куыст кæй цæуы æфсæддонты мызд фæфылдæр кæныныл.