https://sputnik-ossetia.com/20260204/uazlasan-khadtulgatan-bar-radtoy-tsauyn-transkamyl-37189035.html
Уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн бар радтой цӕуын Транскамыл
Уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн бар радтой цӕуын Транскамыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн ӕртыццӕджы 10.00 сахатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты... 04.02.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-02-04T10:25+0300
2026-02-04T10:25+0300
2026-02-04T10:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
транскам
уум
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/18/28473646_0:278:960:818_1920x0_80_0_0_5e7128f23e9b67b5a9173a8808afbdd1.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн ӕртыццӕджы 10.00 сахатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).Къуырисӕры изӕры трассӕ сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй. Знон тобӕ систой рог хӕдтулгӕты змӕлдыл.Министрады бафӕдзӕхстой, Транскамы нырма кӕй ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинад, ӕмӕ ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын.Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/18/28473646_0:280:960:1000_1920x0_80_0_0_f54d28c5aac1f3eb026e3bb86d4bfcb1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, транскам, уум
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, транскам, уум
Уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн бар радтой цӕуын Транскамыл
ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн ӕртыццӕджы 10.00 сахатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Къуырисӕры изӕры трассӕ сӕхгӕдтой алы хуызы транспортӕн тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй. Знон тобӕ систой рог хӕдтулгӕты змӕлдыл.
"Транспортон фӕрӕзтӕн ӕдас ацӕуӕн сӕххӕст кӕныны фадат кӕй ис, уый фӕдыл 4 февралы 10.00 сахатӕй Транскавказаг автомагистраль гом у автотранспорты алы хуызтӕн дӕр", - радзырдтой уагдоны.
Министрады бафӕдзӕхстой, Транскамы нырма кӕй ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинад, ӕмӕ ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.