Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 106 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Виталий Тимкив
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 106 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 106 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонæй 24 Белгороды областы, 21 – Брянскы областы, 19 дроны ӕрыппӕрстой Воронежы областы, 13 – Тамбовы областы, фараст – Нижний Новгороды областы, фондз дроны скуынӕг кодтой Хъырымы Республикӕйы, цыппар – Азовы денджызы акваторийы, ӕртӕ – Ростовы областы ӕмӕ дыууӕ та – Липецкы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
